Æнусы кæсдæр (Гæдиаты)

Æнусы кæсдæр (1905)
by Гæдиаты Секъа
289443Æнусы кæсдæр1905Гæдиаты Секъа


ÆНУСЫ КÆСДÆР


Нæ зонын, мæхимæ куыд кæсын, —
Мæ цард мын ныхæлдта мæ кад;
Мæхи уын нывондæн куы хæссын, —
Мæнæн дæр куы 'рцæуид мæ рад.

Уæрдонджын, сугдзауæй — мæ цард,
Мæ бонтæ 'рвитын æз зынтæй.
Мæ зæрдæ сагъæстæй — æнкъард,
Хъæлдзæг нæ фæкæны фынтæй.

Цæмæн дæн адæмæй фыддæр? —
Мæ амонд куы кæнид фæндаг;
Куы нæ дæн искæмæй зыддæр, —
Мæнмæ дæр куы вæййы мæ фаг?..

Цæмæн мыл-иу худынц нæ хъалтæ,
Мæ уæрдон, мæ суджы æлвасыл?
Мæнæн дæр — ифтонг мæ галтæ,
Мæ цæвæг — фидар хæлдасыл.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse