Байраг эгъордта йæ мады разæй,
Мад æй нæ уагъта, бирæгъæй йын тарст.
Уæддæр нæ лæууыд, — йæ мады 'вастæй
Дзæгъæлы хатти, йæ коммæ нæ каст.
— Макæ! — загъта байрагæн ефс,
Мæ коммæ дæр-иу кæс,
Дзæгъæл ма цу.
Бирæгъ дæ куы ссара искуы, —
Бахæрдзæн дын де сгуы,
Йæ дæндаг арц у.
Байратæн бирæ фæдзырдта,
Йæ коммæ нæ каст,
Тар хъæд-иу кæм фæдта,
Уырдæм-иу фæраст.
Байраг йæ мадмæ
Нал цыди æввахс.
Иу хатт ын бирæгъ
Атыдта йæ фарс.
* * *
Дæ хисдæры коммæ кæс,
Йæ дзырдтæ дæ зæрдæмæ хæсс.
Хорз дæм м'а кæсæд дæхи зонд,
Кæннæуæд дыл æрцæудзæн
Уыцы байраджы æмбисонд.