Гаккукк æмæ цъиу (Гæдиаты)

Гаккукк æмæ цъиу (1912)
by Гæдиаты Секъа
289840Гаккукк æмæ цъиу1912Гæдиаты Секъа


ГАККУКК ÆМÆ ЦЪИУ


Гаккукк йæхæдæг цæуæт нæ кæды, фæлæ уалдзæг цъиуы сусæгæй цъиуы ахстоны æйчытæ æрæфтауы æмæ сæ цъиу къуыртт рауадзы йæхи æйчытимæ æмæ сæ ысхъомыл кæны. Куы схъомыл вæййынц гаккуччы лæппынтæ, уæд цъиуты ахсын æмæ хæрын райдайынц, цæвиттон, се схъомылгæнджыты.

Гаккукк дзырдта цъиумæ:
— Мондаг кæнын дæ фиумæ,
Хæрдзынæн дæ, уый зон!
— Уæ-ххай! — загъта цъиу, —
Цы дын ракодтон, диу!
Цы мæм хæссыс æфсон?

Фæлмæн куы уыди мæ ахстон,
Хъанау, буц дæ ысхастон,
къогъотæ дын хастон,
Хъæбулау дæ уарзтон,
Уæд мæ цæмæн дæрыс?

— Йейы! — загъта гаккукк, —
Æз хæстæг куы мысон,
Мæ зæрдыл сæ куы фыссон,
Уæд куыд цæрдзынæн, зæгъ?!

Бындзытæ ахсын нæ зонын,
Къогъотæ мын нæ комынц, —
Цы мын ратдзæни зæхх?
Йæхи ныццавта цъиуыл.

Бæлон сæм дзуры:
— О, мæ хæдзар, цъиу, цъыбыртт!
Куы нæ уал кæныс сыбыртт,
Цæуыл нæ кæныс фæрæз?

Уый нæ зыдтай раджы,—
Гаккуччытæ куы хастай,
Къогъотæ сын куы ахстай
Гъеныр дын фиды дæ хæс.

Бæлон ныхæстæ дзырдта,
Гаккукк та цъиуы тыдта.

 * * *
Ацы æмбисонд дын лæвар
Дæттын, фæлæ йæ æмбар.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.