Мæгуыры зардæ (Хетæгкаты)

Мæгуыры зардæ (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290190Мæгуыры зардæ1899Хетæгкаты Къоста


МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ


Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, –
Лæджы æмбæрц æруары мит;
Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;
Их доныл саразы йæ хид.

Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы...
Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!
Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, –
Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!.

Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, –
Йæ сихор, йе хсæвæр – йæ мæт;
Иæ уат – ыскъæт, зыгуым – йæ лыстæн,
Хъæбæр – йæ цъæх хуыссæн нымæт...

Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй,
Йæ бон кæд арвиты зынтæй, –
Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй –
Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse