Ме ’мбæстонæн дзуапп (Гæдиаты)

Ме ’мбæстонæн дзуапп (1912)
by Гæдиаты Секъа
289761Ме ’мбæстонæн дзуапп1912Гæдиаты Секъа


МЕ 'МБÆСТОНÆН ДЗУАПП


Бæрзонд сау хæхтæн сæ дуртæй
Сау хъуына згъæлы фырмæстæй.
Чидæр фæхæссы дзæкъултæй
Мæгуырты фæллой нæ бæстæй.

Иунæгæй ма зæгъ — нæ тæрсын,
Уæззау дур къухæй — зын исæн;
Дардæй мæм хъуысы дæ хъæрзын,—
Хос ма йын ыссар дæ низæн.

Марды хъæрæй хох ысризы,
Сау айнæг ныккæны йæ цъæхахст.
. . . . . .
. . . . . .

Каед дæ фæнды, уæд ныззарæм
Сау хохы рындзæй, цæргæсау;
Нæ рагон тыхмæ цы 'вналæм, —
Ныры дуджы стæм зæрдæсау.

Хосгæрдынæн дæм цæвæг нæй,
Хуымгæрдæны — 'хсырф къуымыхæй,
Дæ бæстæ— лæбырд, æмыр къæй;
Мауал мын æппæл дæ тыхæй.

Æнафоны хæрд гуыбынæн
Марджы хуызæн у, нæ тайы;
Ыстыр арт хъæуы гуыдынæн,
Кæннæуæд къæйыл ныззайы.

Ма 'ппæл æнæгал кæвдæстæй,
Мардагрцыдау дæм фæкæсдзæн, —
Чи ма аззади дæ бæстæй,
Уый дæр дын цæргæс фæхæсдзæн.

Цалынмæ рæстæг æрцæуа,
Уалынмæ фæлæу æмбæхстæй, —
Сидзæр гуыдыныл куы скæуа,
Гъе, уæд-иу ракæс дæ цæстæй!



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse