Саг æмæ уызын (Хетæгкаты)

Саг æмæ уызын (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290231Саг æмæ уызын1899Хетæгкаты Къоста


САГ ÆМÆ УЫЗЫН


Тар хъæды иу саг, пырхкалгæ йæ уæнтæй,
Уынæргъгæ уади, – йегар æй сырдта...
Доны былмæ ма ныййирвæзт фыдбонтæй,
Ахауди дуртыл... йæ мæлæт зыдта...

– Ох–хай, гъе! – радзырдта къутæрæй сагмæ
Уызын, – фæцæф дæ, мæ лымæн, сæрæй?
Рагæй æмхиц у нæ уæздан мыггагмæ
Хъримаг, йæ хицау фæкæна дæдæй!..

– Ох–хай, гъе! – сæрджын саг уызынмæ дзуры:
Мах саг–мыггагæй уæздандæр нæ уыд.
Ныр, кæд дæ хуызæттæ махмæ дæр гуыры, –
Афонмæ дæр нæ фæцæгъдын куы хъуыд!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse