Цæргæ æмæ цъиусур (Гæдиаты)

Цæргæ æмæ цъиусур (1912)
by Гæдиаты Секъа
289844Цæргæ æмæ цъиусур1912Гæдиаты Секъа


ЦÆРГÆС ÆМÆ ЦЪИУСУР


Цæргæс карк аскъæфта,
Бæласыл ысбадт,
Цъиусур æм дзырдта:
— Цæй, хæрæм æй тагъд!

Цæргæс ын загъта:
— Скъæфын чи зоны,
Уый хæрын дæр зоны, —
Ды уал æнцад бад.

 * * *
Дæ цæхтон кæм нæ уа,
Уым дае кæрдзын ма тул.
Куы нæ дæ фарстæуа,
Уæд æм-иу ма. Дзур.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.