Æдули (Гуырдзыбеты)/Фиццаг фæлхæн

290342Æдули1903Гуырдзыбеты Бласка

Гьæздуг æфснайд Цæругти хæдзарæ. Бакæсæни —тъахтий, галеуæрдæмæ — къæразæ, рахесæрдæмæ — дуар.

Дуар æма тъахтий æхсæн — уруссаг фингæ, æ цори —бадæн. Бадунцæ Т е з а д æ 'ма Цæрай: Тезадæ —гьахтийбæ лæд æлхуйнæ, Цæрай — бадæнбæл.

Т е з а д æ
(ниууадзгæй йе 'лхуйнæ).
Дессаг дæ, дессаг, нæ лæг!
Нур нæхуæдтæ ан, 'ма дин дзæгьун æндеун:
Куд дæмæ нæ кæсуй гъулæг
Нæ йеунæгæн æ геун?

Ц æ р а й
Мæ зæрдæн нæ зонис æ неун,
Бæллах фæууйнаг, не 'фшинæ!
Раст мин бахуардтай мæ гъостæ:
Кæми кæни шили хийнæ, Кæми ба — бостæ!

Т е з а д æ
'Ма? Афонæ нæ кæни
Æрхонунмæ ностæ?
Ра 'йбæл цудæй инсæй анжи,
Хъал нæжи исцæй æ бакаст,
Фæффедар æй йе 'стæг æ хъанжи,
Тасуй хиццаг æ ронбаст...
Уæд ин куд нæ кæнис афонæ
Баагорунмæ æнкъай?
Цæй æма ин æрхонæ,
Нæ лæг, æ мæгури æ хай!

Ц æ р а й
Рагæй дæр æй, не 'фшинæ,
Мæ зæрди дæ дзурд,
Фал нин нæ фæндон, нæ чийнæ,
Ихалуй нæ фуртæн æ зунд!
Хуцау ин æ уæлдай райста —
Ка имæ æркæндзæнæй хицæ?

Т е з а д æ
Неке, фал догæмæ кæсæ...
Зунд ма нур ка фæрсуй,
Ка йин мæлуй, хуцауи туххæн, æ мæти?

Ц æ р а й
Дзурдагор нæ хæти!
Хуарз, уотæ дæр фæууæд;
Фал сау халон некæд ахæссуй
Нард уæрццæ будури,
Зæнхæбæл ба йефхæрсуй
Æнæ уосæ æдули...
Йеуæй-йеу хатт æз дæр хебæрагæ
Цæмæннæ фæккæнунин æ сагьæс,
Фал не 'сшерун, хуцауистæн, уæхæн тагæ,
Кæбæл ниххуæцон æз!
Йеу мингий æ зунд ку афтайдæ, бæргæ,
Уæд ин искодтайнæ æ жин æнцон,
Фал сæттуй æ мæти зæрдæ,
Цæфсуй æ фудæй цæсгон...
Ни'й уадзæ уой бæшти æхе гъæди —
Ма дæ уæд æ сагьæши рун!

Т е з а д æ
Дзорис мин асæгæй фун!
Дзæгъун дин рагагъонмæ,
Куд æй неке бафæрсдзæнæй зунд æма муггагæй,
Фал нин кæсдзæнæнцæ нæ бонмæ,
Кæнгæй хæлæф гьуддагæй!

Ц æ р а й
Гъо, хезунцæ нæ рагæй!
Бавзарæ сæмæ барветун —
Ба дин игон кæндзæнæнцæ сæ дуар!
Райдайдзæнæнцæ нæ æлгьетун,
Æрветгæй нин фæстæмæ лæвар.

Т е з а д æ
( мæстгунгæнгæй).
Мæ мадистæн, Дигорæ æма Ирæ
Нæбал фæрсунцæ муггагæй,
Фал æхшицгæ агорунцæ хъал кирæ,
Æнæ игъауги фидæ 'ма мадæй!
Ку ан нæхуæдтæ игъосгутæ,
Куд уездонæй нæбал йе фæрсун:
Тотурухътæн рагæй сæ косгутæ
Ку райдæдтонцæ сæ кизгутти хæссун...
Кенæ æуæлæ Фæззæгти Сæниат —
Сæ муггаг арвæй ка хæссуй нурмæ,
Ку фæххаста косæгмæ æ уат,
Искæнгæй æхе алцæмæ курмæ!
(Ходгсей.) Сæ мæлæти уездæнттæ зæфцæн
Æфсæрми нæ кæнунцæ усмæй:
Йесунцæ сæхецæн бæрцæн
Шйæхстæ фустæй...
Исуо, ис, мæ хæццæ æмуасæ, —
Æз дин исшердзæнæн дæ дзæгъæли над:
Æхшицгæй Борхати ХанТуассæ
Искæндзæнæй нæ къæши уат!..
(Евгæй æ хъури хатпт)
Бæжгин æй нæ хæдзарæн æ риуæ,
Гъæуама нæ алке дæр æ сæрмæ хæсса!
Нур бæрзонд ку хæссуй æ шиуæ,
Кæмæ йес сугъзæрийнæй къæсса.
'Цæгæй, йеу мингий нæ муггаг
Уодзæнæй адæмæн дзурддаг,
Фал неке рарветдзæнæй фæстæмæ
Æгадæй нин нæ лæвар.
Æрцæудзæнæн дæ хæццæ хæснæмæ,
Куд ан и дуйней хуæдæлдар,
Уомæй нæ рахатдзæнæнцæ Борхатæ
Илгъæй махæй сæхе, —
Æма сæмæ бахатæ...

Ц æ р а й
А ба дин лазæ 'ма хатæ!
Къостай хъæзтау, чи кæнис муггаг-муггаг?
Алке дæр райгурдæй фидæ-мадæй.
Ширдау ку неке 'й гъæддаг,
Хæфсау ба — цадæй.
Æгайти-ма кæддæр кæмæндæрти
Кæсгон цæгæр æлдар равардта сæрбарæ,
Ка иста шин сæ хуæрти
Фустау æвзарæ!
Дзæгъæ, кæмæн ши 'вжиста æхсарæй
Кади хуæшти æ сагъæдахъ?
Ка ши басаста уездон æ барæй
Кæсгони сæрбæл хъал кард?
Кадæй ши ка скодта хъазауати
Имисунмæ чиртдзæвæн?
Кенæ ши ка 'дтæй аманати
Адæми мижди æвæрæн?
Неке, нæ, не 'фшийнæ!
Адтæнцæ кади хуæшти сæудегер, —
Афта нæ алцæмæй сæ хийнæ
Кæнгæй не 'знаги зæрдеген.
Хуæнхти фецауæнти,
Чечейнагау, доррæбунæй
Иливд уодмæ сæ сампал
Ицæг кодта æ гæрах;
Гъеуæд, мæгур бæлццон, тари нивонд,
Æнæ 'нгъæл æ йефтонги,
Фæдзæхсгæй сæбæл сæри сонт,
Æвдулидæ æ сурх тоги
Бахусшидæ фæди-фæдмæ
Æ били буни æ нистауæн...
(Нийнсефгæй.) Берæ'й... Гъе 'йе дин сæ му

Т е з а д æ
Чи сæ скодтай дæ дзурддаг?
Чидæр фæдздзорай сæ туххæй,
Уæддæр хæрæг бæхи нæ афуй!
Æгайти ма шин дæ цъухæй
Дæ дзурд сæ муггаг исафуй,
Уæддæр кедæр хумти нур дæр ма
Истунцæ уæ дори 'мбурдтæ туппуртæй
Мæн медæгæ сау тог нæ тæдзуй:
Дæн уедагæ Тæгæртæй,
Уомæн федисæн нæ бæззуй
Дæ дзурд мæнæн дæ мæстæй!
Цæй, цæй, бавзарæ Борхати, —
Нæбал æй мæгурæй сæ ном,
Зонунцæ нин не 'хцати...

Ц æ р а й
(æ дзурд ин райсгæй, адæмæрдæмæ).
О, Хуцау, хаун йеу хати!
(Æ уосæмæ) Куд фæражис æндеун
Хуцауи туххæй, ду дзорун?
Де 'взаг ке цæуй дæмæ телун,
Уой æнæ уой дæр æз зонун!
Æндæр хор нæбæл æмхузон ку кæсуй,
Æсмæй ку уолæфæн æмхузæн,
Уæд нифс зæнхаг уод куд хæссуй
Æртасун муггæгтæ лæгьузæн!
Дæхуæдæг нуртæккæ ку дзæгъис,
Куд сæ мæлæти уездæнттæ зæфцæн
Æфсæрми нæ кæнунцæ усмæй...
Уæд чи адтæнцæ раги?
Нечи! Карста, Тæгæрпн,
Нæ туххæй е 'взаг дууех!
Адтæнцæ алцæмæй ракæнон,
Сæ зæрдæ ба — ех!
Уездон æ царди дæргьи æгади
Кæнуй æхецæн æзнаг, —
Неййевуй æ бæстæ, æ мади,
Нецæбæл е 'взаг.
Йетæ ба кодтонцæ иливди хæссун.
Кæнгæй сæхецæн Кæсæги ном!..
Цæй, нур дæ фæрсун:
Ке ма ши хони ду уездон?
(Сосæй истунцæ дууемæй дæр.)
Чи 'й, ку нигъгъос дæ?
Йешти дзæгъæ-ма, цæй!..
Цæуон Сосланмæ тæфирфæши,
Нæма адтæн нурмæ йевдæлон.
Не 'фшийнæ, уодзæнæн æз нихæши,
Ка'й зонуй, ку гьæуон.(Рандæуй.)

Т е з а д æ
Гъуддаги туххæй дзурди барæ нæ уадзуй...
Кæми! Чи лæдæруй шилгоймаг!..
Æвæджи æ йеунæги нæ уарзуй,
Æндæр куд нæ кæнуй ходуйнаг!
Кенæ æ муггагбæл чи маст кæнуй,
Не 'ууæндгæй нецæбæл!
Раст мæ зæрдæ никкæуй
Мæ сагъæши нæхебæл:
Алцæмæй гъæздуг, алцæмæй æнхæст,
Уæддæр нæййес нæ лæги нифс!..
Æгайти-ма кæддæр Борхатæ
Сæ ном хастонцæ бæрзæндти,
Нур ба сæ исхатæ
'Ма хæтунцæ зæрæндти;
Ицæгæй, Къостай хъæзтау,
Сæ фиди сæхецæн кæнунцæ æфстау;
Уадзæн дзагъдæуй Тæгæртæ,
Мæ бæрзонд цæгат, мæ тъæрæ!..
Нæ адтан уæ хузæн цæгæртæ,
Нæ лæг, уой лæдæрæ!
Æз ку 'рхастон мæ сæрмæ
Бæхæй хæрæгмæ æрхезун,
Уæд цæмæ кæнонцæ æфсæрмæ
Борхатæ...

Æ д у л и
(Цума 'й ешке дуарæй æрбагæлдзуй, уотæ).
Даччи!..

Т е за д æ
Сос!

Æ д у л и
Уæ, даччи!

Т е з а д æ
Уæ, сос, сос, сос! (Адæмæрдæмæ.)
Уæ мæрдтистæн, цæмæй æй нур а гъæуаггин?!
Æдкъуала бæласæ — æ уиндæ,
Алцæмæй — æнхæст, алцæмæй — уаггин.
Алцæмæй...

Æ д у л и
(йесгæй ин æ дзурд, æхцулæй).
Æз Хан-Гуассæн чи кодтон!
Æ сæри баст — дугоппон...
Æ къох мæмæ телуй,
Йе 'лхуйнæ желуй,
Мæлгъау йе 'взаг...

Т е з а д æ
О, бун бауа де 'знаг!..
Кæд æрцæудзæнæй дæмæ зунд!

Æ д у л и:
Уосæ мин ку фæууа хунд.

Т е з а д æ
Уæ, сос, сос, сос!
Ку дзора есгæд дæ ражи хестæр,
Уæд ниууисæ, чит, гъос.

Æ д у л и
Хуарз, даччи, хуарз!

Т е з а д æ
Цæй, нур ба исбадæ (амонуй.)
Уæртæ уотæ фæрсрæбун дæхецæн
Йе ба дин дæ мадæ
Дзæгъа чийни дзурд хицæн!
Абони æз æма дæ фидæ
Кодтан дæ мæтæ хъурмæй...

Æ д у л и
Фæссурдта мæ тургъæй
Ку курдтон æй гъаздæмæ бæх, —
Гъе, йе ба дин мæ фидæ!

Т е з а д æ
Гъе нур гъæла нæ дæ?
Æз абони æ хæццæ...

Æ д у л и
(райсгæй ин æ дзурд).
Зонис ХанТуасси Борхати?
Уой, даччи, чи рæсугъд æй, чи!
Кенæ куд фæккæсуй сæццæ?
Мæлуй, мæгур, мæ фудæй...
Æррæстæ дин — уæрццæ! (Ходуй.)

Т е з а д æ
Æй, æвæджи, гирццæ,
Мæ уод фестуйнаг дæ нивонд;
Фал йеу мингий æрлæдæрæ,
Зонæ, уодзæнæй дæ амонд,
'Ма нивгунæй фæццæрæ!

Æ д у л и
'Ма, даччи, мæлуй мæ фудæй?

Т е з а д æ
Гъо, гъо, нæ дзори рæдудæй;
Борхатæмæ дин минæвар
Тæккæ исон æрветæн.

Æ д у л и
(æвжедгæй).
Гъеуæд базондзæнæн беретæн!
Гъеуæд ма мæ хонæнтæ æдули.
Гъеуæд ма мæбæл йешке исходæд!..
Æдосæ йин уидтон мæ фуни
Ходгæ-гъазгæ æ сорæт!
(Æ фий къахгæ исбадуй.)

Т е з а д æ
Хуарз, мæ уод, хуарз!..
Не 'фтуйуй мæ арми куст.
Мæ фæндон мæ хурфи æхшедуй, —
Фæдздзорун нæ лæгмæ зуст,
Уæддæр ибæл нæ бедуй:
Æхе дзурдбæл хуæцуй æдæуагæ,
Атæ уабæл мæлуй æзнаг,
Æндæр цæмæ агоруй рæуагæ
Æ фурти туххæй йе 'взаг?
Чи киндæуа, ке 'йбæл исардауон!
Æвæджи'й басæтдзæнæй Батæрса!
Кордзæнæн æй фæсаууон,
Йе ба 'й хебæраги бафæрса;
Уой дзурд дæр ибæл не 'сбеддзæнæй,
Кæд дзорунмæ дæшни æй, уæддæр,
Хуарз ин æ мади фелгъетдзæнæй,
Кенæ нæмдзæнæй ин æ сæр!
Цæй, Батæрса ку нæ уа, —
Кæд ин йешти кæна, уæд Айса;
Хуæрæмæ зæрдæ тæнæг æй,
Гъæуама æ коммæ кæса...
(Бастуй еу мæнги сосæй. Инæфгæй.)
О, лæгтæ, лæгтæ!
Ка уин бафæраздзæнæй исæхсæдун,
Лæмбунæгæй уæ зæрди бун!
Кæми уотæ къинсæй фæлмæндæр,
Кæмн мæсугау — æнæсæтгæ;
Маха уæбæл æууæндæн,
Уогæй æууæндун нæфæтгæ!
Зонæ, зонæ, нæ лæг,
Кæрдæн адтæйбæл ниллæудзæнæн,
Искæндзæнæн ме 'взаг æз цæвæг
'Ма Хан-Гуасси æрхондзæнæн!
Хуæцун шили хæццæ тæссаг æй,
Уой уомæ-ма, робасау,
Лæги зæрдæ ласагæ'й (нихходуй.)

Æ д у л и
(нийнæфгæй).
Йеу мæмæ Хан-Гуассæ дзурдта...

Т е з а д æ
Уæ хуарз! Уæ сос!
Бабадæ йеу минги гъос!

Æ д у л и
О, Хан-Гуассæ, ХанТуассæ!

Т е з а д æ
( адæмæрдæмæ).
Чи уа амæн æ хуасæ?
Гъо, куд фарста мæ нæ лæг нуртæккæ:
Чи хонис, дзæгъуй, ду муггаг
Йа-уæу-уæй-е, нæ фæтгæ!..
Бæргæ дин равардтайнæ дзуапп,
Фал дæ мастæй фæттарстæн!
Нæ афуй некæд æлхæдæн æ уаг, —
Йе дин дзурд фæстæмæ дæ фарстæн!
Фæсмонгонд уæд йечи бон,
Ку скодтон йеу дæ хæццæ мæ ном!

Æ д у л и
Кæд æрвететæ мин минæвар?

Т е з а д æ
А дууæ бони, а дууæ, мæ хор,
Фал æгæр ма уисæ, ку дзорай!
Аййепп æй фурдзурд ун.
Чи нивгун мин уодзæнæ, чи!..
Куд дæмæ кæндзæнæнцæ хицæ,
Кенæ куд дзордзæнæнцæ дæ туххæй!

Æ д у л и
Уæд æй æз ба куд уарздзæнæн!
Ахæсдзæнæн ин гæлæботæ,
Хæсдзæнæн ин æхсæртæ гъæдæй,
Баддзæнæн æ цори атæ-уотæ (амонуй куд)
Кæнгæй ин аргъæуттæ сæдæй.

Т е з а д æ
Гъо, гъо, мæ чъеу,
Гъæудзæнæй æй рæвдаун!

Æ д у л и
Биндзæ бадун дæр ибæл нæ уадздзæнæн...
Ма уо æ хæццæ ду дæр зуст!

Т е з а д æ
Алчидæр дин уодзæнæй куст,
Уæд дæ сæри хъанз.

Æ д у л и
( сæнтдзурдæй).
Уæд Рожиат нæ уодзæнæй хуæздæр?..
Хан-Гуассæ куддæр æй!
Даччи, Борхати искæнæн кæстæр
'Ма корæн Рожиати, цæй!

Т е з а д æ
(зустæй).
Радзорæ-бадзорæ ма кæнæ,
Йеу бал ши фæууæд дæ хай...

Æрбацæуй У о л м е с, Тезадæ ин ишистуй.

У о л м е с
Бадæ, бадæ, дæ мæрдтистæн!
Чи низгули дæ мæ фудæй!
Тæгæрон, февæрай мин саршенæ —
Иуазгутæ нæмæ ес Курдтатæй,
Гъæуй шин рафицун еу шерæ,
Цалдæн рæвдзæ дæн артæй.

Т е з а д æ
Нечи кæнуй мæ истад.
Исбадæ, уæртæ дин бадæн!
Уогæ хуарз æй дæ инсад?

У о л м е с
Нæ дæн бадунмæ йевдæлон...
Гъо, фегъустай, фæ, Тезадæ,
Уосæ ке ракурдта ме 'рвадæ?

Т е з а д æ
Фестгун уæд. Чи 'рвадæ, 'ма ке?

У о л м е с
Æдосæ Мансуртæ
Курдтонцæ кизгæ Уæргитæй.

Т е з а д æ
Йеу дæр Кошери?

У о л м е с
Тæккæ дæр.

Т е з а д æ
Ка курдта, Цæппо æви Дæппо?
Уæд чи загъта Агко?
(Дзоруй Æдулимæ.)
Цæугæ, æрбадавæ саршенæ,
Фал ма ниууадзæ игон шенæ.

Æ д у л и
Мæнæн ба...

Т е з а д æ
(æ дзурд ин райсгæй,
Дуармæ 'й æ къохæй баласуй).
Цо, цо, рæхгидæр...
Гъо, гьо, 'ма куд фæцæй сæ гъуддаг?

У о л м е с
Искодтонцæ Мансурти сæ аккаг:
Равардтонцæ Дæппойæн Кошери.

Т е з а д æ
(адæмæрдæмæ сосæгкæй).
Мансуртæ равардтонцæ Кошери,
Уæд Борхатæ махæн...

У о л м е с
Чи, чи дзагътай, чи?

Т е з а д æ
Нечи... уотид...
Гъи, чи ма мин дзæгъдзæнæ дан-дунæн?

У о л м е с
Къулдунти Дзæбе æ уоши фæннадта...
Уотæ'й гъудæй: æ билтæ æхемæ нæ дардта,
Залий Гугуй сосæгкаг фæдздзурдта,
Сабан цауæни рамардта...

Т е з а д æ
Гъулæг дин ма уæд мæ бафарст, —
Кæцæй сæ зонис уони ду?

У о л м е с
Уæд мин сайтæнгтæ мæ фиди закъæ
Мæрдти фæддарæнтæ уесойнæн...
Уæд...

Т е з а д æ
(райсгæй ин æ дзурд).
Хуцауи хатир бакæнæ,
Тух соми мæрдтæй ма кæнæ!

У о л м е с
Уæд мин мæрдти фудæнхæн
Фæддарун кæнæд Барастæр кæфойнæй
Думгæмæ сæрди ругæ нæ зæнхæн,
Уæд мин мæ гъæдгинтæ къæртцæнхæй...

Т е з а д æ
(æ дзурд ин есгæй).
Æз, Уолмес, де 'уазæг...
Ма дзорæ жин цъухæй.

У о л м е с
Хуарз! Æуалæ Думæгти Дзæуæг
Æй алли 'хсæвæ сосæгкай
Чеченмæ къæрнихи цæуæг...
Уæд ме 'знаг мæ фуди кæуæд,
Кæд...

Т е з а дæ
Цæй, берæ уæд (сабургай.)
Байгъосæ мæнмæ дæр!
Æхшнирф æма Хан-Гуассæ,
Æуалæ Бадзай кизгæ Борхати,
Бауарзтонцæ кæрæджей...

У о л м е с
Фæффарстон сæ туххæй Гаджей!

Т е з а д æ
'Ма?

У о л м е с
'Ма нечи.

Т е з а д æ
(бастгæй йеу мингий сабур).
'Ма, дзæгъун, ку бафæршисæ барагген
Хан-Гуасси сабургай.

У о л м е с
Ракæндзæнæн иуазгутæн сотур шерæ, —
Йе ба рандæ уонцæ рæхгидæр...
Куд нæма хæссуй саршенæ?..
Гъо, хæсдзæнæн дæмæ мæ изæр.

Т е з а д æ
Базондзæнæн хуæрзæнгорæггаг
Аккагæй искæнун æз дæуæн:
Дарийæй дин курæттаг...

У о л м е с
(райсгæй ин æ дзурд).
О, мæ Тезадæ, мæ зæрддаг!
Æз мæхе дæу туххæй...

Æ д у л и
(Уолмеши дзурди разæй шени
Райдайуй нимайун).
А-кæкæ, ду-кæкæ, сæнар-сой,
Сæн-суругки пæтæн-пой,
Чъисти-чигон, пъæрра-чъист!

«Пъæрра-чъист» банимайуй мед-хæдзарæ æма саршенæ Уолмеси сæрбæл æркæнуй. Уæдæй-уæдмæ Ц æ р а й æрбацæуй. Æмбурдæй дæр никъкъех унцæ. Цæрай десгæнгæ нистуй, Уолмес тундзуй æндæмæ, Æдули æй æндæмæ нæ уадзуй. Тезадæ йе 'нгулдзæ æ билæбæл ниввардта æма десæй истуй. Æмбурдæй уотемæй бастунцæ йеу мингии.

Ц æ р а й
А уин дессаг, а уин æмбесонд!
Нурмæ сабийтæ кæниуонцæ башилтæ,
Нур райдæдтонцæ нæ шилтæ!
Нурмæ саршенæй тегъиуонцæ инсад,
Нур æй æ сæрбæл никкодта йеу сайт!

Уæдæй-уæдмæ Æдули æма Уолмес кæрæджемæ æвзедгæй, рандæунцæ.

О, Хуцау дин ма бакома!
Уолмес нæ дæ, Уолмес?
(Рахатгæй æхе фæстæмæ.)
Чи 'рбацæй?

Т е з а д æ
Æхуæдæг æй!

Ц æ р а й
'Ма?

Т е з а д æ
'Ма нечи.

Ц æ р а й
Куд нечи? Мæ ражи нуртæккæ

Т е з а д æ
Гъо-гъо, дæ ражи тæккæ!
Чи дессаг дæмæ фæккастæй?

Ц æ р а й
Кенæ æз исæрра дæн,
Кенæ фæссайдæй до.

Т е з а д æ
Хуарз, байгъосæ, гъо!
Нæ шинхонтæмæ Курдтатæй
Иуазгутæ æрцудæй.

Ц æ р а й
(ходгæй).
Уомæй Уолмес рæдудæй
Саршенæ æ сæрбæл...

Т е з а д æ
(райсгæй ин æ дзурд).
Фæммедæг дæ æнæ 'нгъæл!..
Гъо, фегьустай, æдосæ...

Ц æ р а й
Уæ гьо, гъо, фуд уосæ,
Ма мæ фæлевæ дæ дзурдæй!

Т е з а д æ
Æдосæ Уæргитæ Мансуртæн...

Ц æ р а й
Ракурдта Дæппо æ фуртæн...
Ниууадзæ, фегъустон æй нихæши!

Т е з а д æ
Мæстгунæй мæмæ чи кæши?

Ц æ р а й
Дзæгъæ, цæмæ никкодта саршенæ
Уолмес æ сæрбæл?!

Т е з а д æ
Уотид. Нæ зонис æй цума!
Саугини уоши æ рæуæги
Фæхходунмæ фæнзта:
Атæ, дзæгъуй, даруй ходæ,
Ку цæуа, хъазау, шергæй...
'Ма чи нæ дзоруй!
Айдагь имæ игьосæ 'ма ходæ.

Ц æ р а й
Фæнзæд, бун бауйнаг. æхе лæги!

Т е з а д æ
Думд фæууæд, нийуадзæ æхе гьæди
'Ма бакæнæн нæ фуртæн æ сагьæс!

Ц æ р а й
Йеу дин ку дзагътон æз,
Куд нæ фуртæн æ дандунтæ
Игъуст æнцæ и дуйней!
Уæд ма чи 'нцæ дæ корунтæ...

Т е з а д æ
(райсгæй ин æ дзурд).
Дандунтæ,
Дандунтæ!...
Бахуæрæд, нæ лæг фуд фунтæ,
Ка ма фæразуй æ сæрæн!
Гъæздугæй алцæмæй цæрæн,
Æнхæст нин кæнуй алчи нæ фæндон,
Фал фæууинун мæ фæффæндуй
Нæ хæдзари идзулд бон.

Ц æ р а й
Уæ, хайуан, уæ Тæгæрон,
Кунæбал зонун, чи кæнон!
Кунæбал мин йес гъостæ!

Т е з а д æ
'Ма раст дæ?

Ц æ р а й
Мæ царди дæргъи рацудтæн
Дууæ хатти дæ фæндæбæл;
И дууæ хатти дæр рæдудтæн,
Æруагæсæй хуарз æнгъæл...
Йеу ниууадзæ Борхати,
Мабал мин кæнæ сæ кой!
Алли бон мæмæ чи хати,
Цæмæ æвæрис мæбæл æфсой?

Т е з а д æ
Йеунæг хатт ма...

Ц æ р а й
Чи дзорис?

Т е з а д æ
Нæма балæдæрдтæ нурмæ?
Борха...

Ц æ р а й
Уæ гъо, гъо мадта...
Ма кæнæ хъурмæ,
Ма кæнæ хæлæф!

Т е з а д æ
Æрсагъæс кодтай дзæбæх?

Ц æ р а й
Бунисæвд уо,
Дæдтун дин барæ!
Дæ рæдуди ко,
Де 'цæги зарæ!

Т е з а д æ
Мæ дзурд дæ зæрди дарæ:
Тæккæ исон Бадзай
Игъосдзæнæй мæнæй фарст;
Иннæбон ба æ дзай-дзай
Фæндон уодзæнæй нин хаст,
Игъошис, нæ лæг?! (Рандæ уй.)

Ц æ р а й
Игъосджинан исон!
Муггæгти кой фæккодтан,
Фæккодтан рæуæнттæ;
Зустæй дæр фæдздзурдтан,
Нæ кæнгæй аууæнттæ,
Уæддæр, о, фудбони шилæ,
Ду дæ, ду, лæгæн йе 'знаг!
Алцæмæн ду кæни хилæ,
Алке ду кæни æзнаг!
Де 'вæнди дæ цæштисуг,
Дæ фæнди — де 'взаг
Сæттунцæ дор-мæсуг,
Йесунцæ æфсад!..
Кæдæй дин равардтон барæ,
Уæдæй нæбал мин йес цард...
Уой бæшти мæ сæйги фарæ
Ку фæцайнæ æз мард,
Уæд мæ зæруи бæнттæ
Не 'ймистайнæ хъурмæй!..
Æверхъау ку дзора дæ уосæ,
Уæд ма уæд дин исдзурд, -
Алцæмæ дæр игъосæ!..
Мæ зæрдæ æхебæл æууæндуй, —
Дæн ма мæ хъаури додойаг,
Фал мæ æрхæссун нæ фæндуй
Нæхецæн ходуйнаг,
Æндæр мæ къохи уæзæ...
(Æвжедуй æ тумбулкъохсей.)
Чи жин æй, чи, шили хæццæ дзорун,
Ку уа дзурдбæл æнæ сæтгæ!
Æ фæрчи, кизгау, кæун,
Кæун нæ уогæй мин фæткæ,
О, Тæгæрон, Тæгæрон,
Фæттæрсæ тæрегьæдæй йеу хатт!
Дæ мастæй, чи кæнон,
Ку нæ зонун æз йеу цард!..
Куд райсдзæнæй ХанТуассæ Борхати
Æдулий æхецæн уаргъæн?
Мæгурæг! Суг калдзæнæй æ уати
Хъаймæти даргъæн!..
Уогæ адæм нæбал цæрунцæ курмæй, —
Йес алке æ фагæ барæ.
Нæбал истуй нæ кизгæ сумæй,
Ку цæуа йибæл карæ;
Кæнуй цардæн æ фæнди
Лæги бæрцæ мæтæ,
Фæрсуй алцæмæй æ зæрди,
Гъе, йе ба дин кизгæ!..
Ку ма шиæхстæ ниййергути
Æртасун фæндæуидæ рагъæй,
Уæддæр нури кизгæ æ коргути
Йесуй æхецæн аргъæй,
Уомæй æнæ игъауги æ уарзуни
Нард æма и мæллæг,
Æгæр хъал æма и мæгури
Кæнуй æхецæн æ лæг...
(Балæугæй мингий сабур.)
Мæн æрдигонау,
Чидæр дзоронцæ и зæрæндтæ, —
Рагон æгъдау
Æй игон 'ма лæгæттæ
Йешке фæндæй дууæ уоди
Нæ фæсмæруй фæди-фæдмæ кæрæджей, —
Йеу нæ кæнунцæ сæ амонди,
Уарзт ниууадзгæй сæ фæштей!..
Уæд, цума, куд уодзæнæй
Борхати хæццæ нæ гъуддаг?
(Ходуй.)
Æ джиккотæ рæдовдзæнæй,
Базонгæй Губадтæ нæ гъуддаг,
«Куд хæссуй куджи хъазайраг
Корунмæ нæ кижги нифс!
Куд хæссуй!..»
'Ма чи нæ дзордзæнæй!..
Уогæ æй мадæн бæдолæ бæгъдауонд,
'Ма 'й цæмæ кæна æнамонд?
Мах æфшийнæ йе 'дулий
Бæрзæндти ку хæссуй!..
О, мæгур ХанТуассæ!
Дæ зæрди фæндон дæ барæ'й,
Æви дин дæ ниййергутæ
Лæг кæндзæнæнцæ æвзарæй?..

Къахи гьæр фæццæуй.

Сос, ме 'взаг, Æрбацæуй де 'знаг!

Æрбацудæй Æ д у л и.

Не 'фшинæ, нæ'й
Амæй ба къуæрттæй тас!..
Æхшнирф, бафæрсон дæ, цæй:
Фæндуй дæ корун уосæ
Æма ке?

Æ д у л и
Магъа, нæ зонун.

Æрбацудæй Т е з а д æ.

Т е з а д æ
Нæбал фæразун коргутæй:
Ка коруй саршенæ, ка - амæнтæн...
Уæдта, дан, ин нæ тæтæн.
(Дзоруй Æдулимæ.)
Цæугæ, Æхшнирф, цæлгæнæни
Радтæ агæ Дударæн,
'Ма ма ракъуæрæ и бæгæни!

Æ д у л и
(цæугæй æндæмæ).
Фæндуй мæ

Ц æ ра й
Ирæд тæтун бæргæ нечи кæнуй,
Фал мæ зæрдæ дзоруй.

Т е з а д æ
Цæй туххæй?

Ц æ р а й
Ку дин дзагътон мæ цъухæй.

Т е з а д æ
Дзæгьæ ма'й никкидæр, цæй!..
Гъо, Борхатæ 'нцæ дæ мæтæ?
Æнæ рунæй хæтæ!
Уадзæ сæ мæ бæрагæ —
Æз уодзæнæн сæ фагæ!

Ц æ р а й
Ку нæ дин кæнун рæуагæ.

Т е з а д æ
Борхатæ маст кæндзæнæнцæ,
Æлгъетдзæнæнцæ хъæбæр,
Уæддæр сæ кижги ратдзæнæнцæ,
Додой нæ кæнуй сæ сæр!
Губадтæ муггаг, муггаг кæндзæнæй,
Калдзæнæй æртæхæй цæштисуг,
Уæддæр уодзæнæй æ фæстаг
Аражи кæнун нæ гъуддаг!

Ц æ р а й
Уæд и кижги тæрегьæд ба?

Т е з а д æ
Чи тæрегъæд!
'Цæгæй, жин ин уодзæнæй фиццаг,
Исахур ун Æхшнирфбæл,
Уæдта бауарздзæнæнцæ хиццаг
Кæрæджей æнæнгъæл.

Ц æ р а й
(цæугæй æндæмæ).
Тæрегъæд мæнмæ ма 'рхъæртæд.

Т е з а д æ
(ходгæй).
Тæрегъæдтæ ку хинцай, нæхеуон!..
Нæ зонетæ, нæ, лæгтæ, уæхецæн аргъ —
Комкоммæ дзæгъун уин æндеун:
Æвæрæн уæбæл уæ фæлмæни саргъ!..
Абони йизæрæрдæмæ
Борхатæн фæууодзæнæй игъуст,
Куд сæ хæццæ амæй æндæмæ
Уодзинан æниурст.
Гъо, гъæудзæнæй мæ кæнун басагьæс
Лæвæрдти туххæй рагацау:
Хъазар аргъæй хуарз дарæс
Фиццаг дæр балхæнæд нæ хецау;
Уой фæште ма байауæрдæд æхцабæл, —
Балхæнæд æгънæгутæ, камари, дарийтæ,
Радтæд йеу мингий хæзнатæ,
Йеу мингий æхцатæ,
Цæмæй зонун алцæмæй нæ миутæ!..
Рарветун гъæудзæнæй... Чи ма?
Гъо, дзурд, куд æруæд æртæ мини,
Куд...

Æ д у л и
(æрбацæугæй æваст).
Мæнæн ба æртæ кими,
Мæнæн ба æхсæртæ джиппидзаг,
Мæнæн ба... мæнæн ба...

Т е з а д æ
(æ билтæбæл ин къохæй ниххуæцгæй).
Дæуæн ба, гъа.
Фæууидта дæ дæ фидæ?

Æ д у л и
Бафарста мæ: «Кæми дæ?»

Т е з а д æ
'Ма?

Æ д у л и
Цо, дзагъта, дæ мадæмæ.

Т е з а д æ
Æндæр нечи? Нечи зонис?

Æ д у л и
Берæ! Робаши аргъау дæр зонун,
Кафун дæр зонун;
Айдагъ бæхбæл бадун нæ зонун,
Æндæра алчи дæр зонун.

Т е з а д æ
Уонæбæл дæ нæ фæрсун,
Фал нечи дзагьта дин æгириддæр
Борхати туххæй дæ фидæ?

Æ д у л и
(æ фий къахгæй).
Æгириддæр.

Т е з а д æ
Мадта фегъосæ —
Корæн дин уосæ!

Æ д у л и
(цæрдæгæй).
Ке, даччи, ке?

Т е з а д æ
ХанТуасси Борхати!
(Æ сæр ин радауй æма рандæуй.)

Æ д у л и
Гъе нур мæ фудгол мæ чийни кæуæд!
Нæ тъахтийбæл дууемæй
Рæсугъди хæццæ æмвæрстæй
Бадджинан фæндонæй,
Даугæй кæрæджей нæ кастæй!
Уоджинан, бæлæутау,
Кæрæджемæй æнæцох...
Ку фæууинæ æ фæхъау,
Йеу ку 'сшеридæ мæ къох...
Æ бинджитæ йин соринæ,
Фæлладæй мин ку хусса,
Аргъæуттæ йин дзоринæ,
Сагьæсгæнгæй ку кæса...
Уæд фесæфон Хъумухъи,
Ку дзæгъон æз мæнгæ:
Бадинæ æ ражи фунуки,
Ку кæна, чит, фингæ;
Æ уорс къохæй ин йесдзæнæн,
Зæнхæ сæрфгæй, æ чъилин;
Йе 'сдзурд ин хездзæнæн,
Æнцон кæнунмæ æ жин!
(Идзулд ходгæй.)
Гъе, уæд мæ уодзæнæй уарзæг,
Гъе, уæд растдзæнæй мæ уалдзæг!
(Заруй 'ма кафуй.)
Дзæкку — Дзæрæги,
Хъæвдун — Кæсæги,
Уаргъ — хæрæги,
Уарзт — цæрæги!

Æрбацæуй Ц æ р а й 'ма ин кæсуй æ кафунмæ,
Æдули ба 'й нæ уинуй.

Дзæкку — Дзæрæги,
Хъæвдун — Кæсæги,
Кæрдæг — цæвæги,
Над — нæмæги!
(Фæууогæй кафт æма зард.)
О, Хан-Гуассæ, Хан-Гуассæ,
Мæ кафтмæ мин кæсæ,
Мæ зартæ мин игъосæ,
Мæ... (фæгъгъос уй, Цæрайи фæууингæй.)

Ц æ р а й
(Æдулий кафун æма заруни дæргъи истуй,
кæсгæй адæмазрдæмæ къехæй, 'ма уæдта, æ сæр
телгæй исдзоруй).
Гъе, амæн корæн уосæ!

Æмбæрзæн æрхауй