Æнамонд Ирыстон (Тогуызты)

Æнамонд Ирыстон (1915)
by Тогуызты Газакк
290757Æнамонд Ирыстон1915Тогуызты Газакк


ÆНАМОНД ИРЫСТОН


Зæрдиагæй ныхъхъуыстон
Дæ хуылфмæ кæддæр,
Æнамонд Ирыстон,
Кæйдæртау æз дæр.

Фæрыстæн дæ мæстæй,
Фæкуыддæр мæ цард.
Дæ фæрцы нæ бæстæй
Фæлыгъдтæн æз дард,

Цæй тыхст у дæ хъæрзын,
Цæй арф у дæ низ?
Дæхи дын куы фæрсын, –
Дæ дæсны кæм ис?

Куы нæ ис дæ цотæй
Дæ разы лæууæг,
Куы нæ ис нæ хотæй
Дæ сæрыл кæуæг.

æмхуызон цæгатмæ
Дард лидзынц мæнау, –
Нæ зилы дæ уатмæ
Дæ иу фырт лæгау.

Уæгьуырæй, æгадæй
Ды сæфтмæ цæуыс, –
Дæ хуыссæны ‘нцадæй
Дæхиуыл кæуыс.


1911 азæй 1915 азы ‘хсæн

Public domain
This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States prior to January 1, 1929. Other jurisdictions have other rules. Also note that this work may not be in the public domain in the 9th Circuit if it was published after July 1, 1909, unless the author is known to have died in 1953 or earlier (more than 70 years ago).[1]

This work might not be in the public domain outside the United States and should not be transferred to a Wikisource language subdomain (or as a file it should not be migrated to the Wikimedia Commons) that excludes pre-1929 works copyrighted at home.


Данная работа, впервые изданная до 1929 года, находится в общественном достоянии по законодательству США, и может быть опубликована здесь, в мультиязычной Викитеке. Но эта работа не может быть опубликована в национальной Викитеке, которая должна подчиняться законодательству России, т. к. работы этого автора (за исключением изданных до 7 ноября 1917 года) пока не вышли в общественное достояние в России. Этот автор умер в 1938 году и был посмертно реабилитирован в 1955 году, соответственно эта работа выйдет в России в общественное достояние в 2026 году.

The author died in 1938, so this work is also in the public domain in countries and areas (outside Russia) where the copyright term is the author's life plus 80 years or less.

PD-US-1923-abroad Public domain in the United States but not in its source countries //wikisource.org/wiki/%C3%86%D0%BD%D0%B0%D0%BC%D0%BE%D0%BD%D0%B4_%D0%98%D1%80%D1%8B%D1%81%D1%82%D0%BE%D0%BD_(%D0%A2%D0%BE%D0%B3%D1%83%D1%8B%D0%B7%D1%82%D1%8B)