Ех, ныр сæрибарæй ацæр дæ уалдзыгон бонты,
Цæргæсау, дæ заердæ уæлæуæз тæхæд!
Ныссадз ныр ныфсджынæй дæ худ къул, дæ къухтæ — дæ синтыл,
Дæ цард дæм йæ мидбылты худгæ кæсæд!
Ыскæс-ма цъæх арвмæ, нæ уалдзыгон арвмæ:
йæ цæстытæ ризынц, æрттивынц, кæсынц;
Ыскæс-ма нæ ф-идар къæдзæхтæм: дæ разы,
Уæйгуытау, тыхджынæй, ныфсджынæй лæууынц.
Æнцадæй æрбахъуызынц мигътæ нæ арвыл,
Æнцадæй нæ хæхтыл æрбадынц уæззау...
Нæ арв-иу йæ мигътæй къуыригай фæкæуы нæ цардыл,
Нæ хæхтæ дæр уадзынц сæ цæссыг, мæнау.
Ех, æмæ алхатт дæр хорз бон куы кæнид,
Куы хъуысид нæ хохæй-быдырæй нæ зард!..
Фыдмигътау, æрбахъуызынц, мигътау, æрбатыхсынц
Нæ сонт сæртыл сау хъуыды, мæт æмæ 'нкъард!..