Æрра фыййау (Хетæгкаты)

Æрра фыййау (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290224Æрра фыййау1899Хетæгкаты Къоста


ÆРРА ФЫЙЙУ


Раджы хохы цъуппæй касти
     Иу æрра фыййау,
Мигъ æнгом йæ быны бадти,
     Урс цагъд къуымбилау.

Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, –
     Тæккæ былгæрон,
Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:
     “Агæпп æм кæнон, –

Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ
     Хизæд уæзæгыл,
Æз фæхуысдзынæн изæрмæ
     Уыцы бæмбæгыл...”

Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, –
     Гъопп! – зæгъгæ, йæхи
Пуртийы зыввытт фæласта...
     Лæг ныххæррæгъ и!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.