Абæрег (Гуырдзыбеты)

Абæрег (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290372Абæрег1902Гуырдзыбеты Бласка


АБÆРЕГ


Орирйæ, мæ сау бæх,
Мæ царди мæ дарæг!
Орирйæ, мæ саулох,
Абæрег — дæ бадæг!

Мæ фидæ — медхонх дигорон,
Мæ мадæ хаст Кæсæгæй;
Цæрун сæ мæрдæй æнæ ном,
Æнæ уарзгæ фудлæгæй...

Ирæзтæн рунгин æвзонгæй,
Цъумур бауæр, гæбæрæй;

Цардтæн хуæрдгъæуагæ, стонгæй
Æз не 'фсæдгæй къæбæрæй.

Адтæй унгæ мæ дигиза
Зæронд пæлæз — мæ дарæс.
Мæ номи хай — фуд Елмæрза;
«Ка 'й йе, ка?» ба — мæ сагъæс...

Рацудæй мæбæл мæ карæ,
Феронх æй мæ мæ хæстæг...
Чидæр фæцæй мæ хæдзарæ, —
Нæ фæцæй йимæ кæсæг.
Фæттæргай дæн нæ адæмæй,
Абæрегæй ралигъдтæн,
'Ма нивгун исдæн алцæмæй,
Ратгæй барæ мæ нихтæн.
Скодтон æхсæви ме 'рвадæ,
Райстон думги æмбалæн;
Хонун нæ бæстæ мæ мадæ,
Кæнгæй ибæл цауæн...

Æфсатий фонс — мæ хуæруйнаг,
Мæ кегъæре — мæ цæсгон.
Æппæлуйнаг — мæ хъæрæймаг,
Æппæлуйнаг — мæ кæсгон...

Уотæ'й мæнæн нур мæ цард,
Фал куд уодзæнæй æ фæстаг:
Ка 'вæрдзæнæй мин мæ мард,
Нæбал уогæй æз бæстаг?

Чи уодзæнæй мин нивæрзæн,
Дзæгъæл лæгæй ку сæйон?
Кенæ сугъд бунгард нæ кæрзæн,
Кенæ уотид къудурон.

Ка 'нцъолдзæнæй мæ цæштитæ
Мæнæн, хъурмæй ку мæлон?
Кенæ, стонгæй, цъæх æршитæ,
Кенæ надбæл нæ бæлццон.
Ка скæндзæнæй ми кадæнгæ,
Ихалунмæ дор-мæсуг?
Ка никкæндзæнæй гъарæнгæ,
Фæккалунмæ цæштисуг?

Неке... Уад зуст джиназдзæнæй,
Резунгæнгæй дорин хонх,
'Ма мæ сæргъи бастдзæнæй
Тæрегъæддаг мæ саулох...

Орирйæ, мæ сау бæх,
Мæ царди мæ дарæг!
Орирйæ, мæ саулох,
Абæрег — дæ бадæг!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.