Аг æмæ фыдис (Гæдиаты)

Аг æмæ фыдис (1905)
by Гæдиаты Секъа
289495Аг æмæ фыдис1905Гæдиаты Секъа


АГ ÆМÆ ФЫДИС


Уæларт аг дын йæхи стыдта:
Æз, дам, денджыз-æнæбын.
Уымæ фыдис афтæ сдзырдта:
— Куы дын зонын дæ рæбын;

Æз дæ къуымты куы 'рзилын,
Зонын дын æз дæ хабар,
Дæ муртæ дын куы суилын,
Æргом мын дæ, уый бамбар.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.