Азау æмæ Таймуразы зарæг (Гæдиаты)

Азау æмæ Таймуразы зарæг (1912)
by Гæдиаты Секъа
289833Азау æмæ Таймуразы зарæг1912Гæдиаты Секъа


АЗАУ ÆМÆ ТАЙМУРАЗЫ ЗАРÆГ


Таймураз:
Уарзон, уарзон, мæ хуры хай.
Æз дæ уындæй куы нæ 'фсæдын.
Мæнæн кæм ис дæ хуызæн къай,
Дунейы цард дæуыл дæттын.

Уарзон, кæм дæ, кæцон бæсты?
Ыскæн дæхи, дæ уд уæлдай;
Зонын, кæныс кæмдæр мæсты,
Ралидз ахсæв ме 'рдæм тæргай.

Азау:
Уарзон, цæуын де 'рдæм цæрдæг
Мæйдар æхсæв боны хуызæн.
Мæ зæрдæ сси мæстæй мæллæг, -
Ме знæгтимæ кæнын тухæн.

Уарзон, кæм дæ, фервæзын кæн
Кæфхъуындарæй дæ уарзоны;
Фыдхиуаджы къухты фæдæн, —
Цы кæндзынæн, нæма зонын.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.