Арвистон (Коцойты)

Арвистон (1910)
by Коцойты Арсен
289589Арвистон1910Коцойты Арсен
Арвистон

ХИСТХОР

edit

— Йе, Алмахсит, уый дæ рон дæ къухы куы хæссыс, цæуылнæ йæ бæттыс?

— Нал мыл æххæссы.

— Æмæ дыл цы ’рцыди?

— Хисты уыдтæн.

ЦЫ У ÆДЫЛЫДÆР?

edit

Хъæуккаг бацыди сахармæ гутон æлхæнынмæ. Кæсы, æмæ дзы иу æнахуыр машинæ дыууæ цалхыл — цæлхытæ фæдыл-фæдыл (уæд велосипед ног фæзынгæ уыди).

— Ай та цы у? — бафарста хъæуккаг магазины хицауы.

— Уый хæдтулгæ, абад ыл æмæ афардæг уыдзынæ.

— Æмæ йæ аргъ та цас у?

— Фынддæс туманы.

— Ай та дын диссаг, æмæ фынддæс туманæй фондз хъуджы куы балхæндзынæн.

— Балхæндзынæ, фæлæ хъугыл нæ абаддзынæ æмæ балцы нæ ацæудзынæ — уый æдылыдзинад уаид.

— Раст зæгъыс, фæлæ велосипедæй æхсыр дуцыныл куы сбадин, уæд уый та тынгдæр æдылыдзинад уаид.

ТЕБО ÆМÆ ИРÆД

edit

— Йæ, Тебо, кæд курыс ус?

— Ирæд куынæуал уа, уæд.

— Æмæ ирæд кæд нал уыдзæнис?

— Æз куынæуал уон, уæд.

ДЫУУÆ ДÆР ИУ НИЗÆЙ РЫНЧЫН

edit

— Дæ хорзæхæй, Цопан, цы дыл æрцыди, æгас Хуссарыхъæуы дæуæй хъæздыгдæр куы нæ уыди, ныр мæгуырты æмрæгъ куы ’рлæууыдтæ?

— Æз дыууæ хисты скодтон, фæлæ, Йесе, дæуыл та цы ’рцыди?

— Æз та мæ фырты тыххæй ирæд бафыстон.

УС НАЛ КУРЫ

edit

Ног сиахсы тынг фæндыди йæ усаджы фенын. Фæлæ йæ куыд федтаид: сиахсы цыд нæма ныккодта æмæ йын нæ уыди йæ каистæм цæуæн. Рахъуыды-бахъуыды фæкодта æмæ сфæнд кодта æхсæвыгон ныхъхъуызын, бинонты хуыссын афон. Ныхъхъуызыди. Афтæ æнхъæлдта, æмæ ма сылтæ баддзысты, фæлæ хъыпп-сыпп никуыцæйуал цыди, иууылдæр хуыссыдысты.

— Уæддæр афтæмæй нал фæцæудзынæн ардыгæй, — загъта йæхинымæры ног сиахс æмæ кæрты иу кæрон талынджы æрæмбæхсти, зæгъгæ, кæд кæстæртæй исчи фæзынид. Уалынмæ уарын райдыдта, æмæ ног сиахс, иучысыл куы æрхуылыдз, уæд загъта:

— Цæй, цæуон, гæнæн нæй.— Куыддæр акъахдзæф кæнынмæ хъавыди, афтæ дуары хъæр фæцыди. Кæсы, æмæ чызджы фыд топпимæ рацæуы фос бæрæг кæнынмæ.

Æйтт, мæ хæдзарыл, зæгъгæ, загъта ног сиахс, — куы мæ фена, уæд стыр худинаг кæнын.

Æрæмбæхсти арфдæр.

Йе ’намондæн уарын дæр стыхджын. Цалынмæ чызджы фыд скъæттæ-йедтыл зылди, уалынмæ ног сиахсæй иу æндахы мур дæр хус нал уыди, фæлæ йын цы гæнæн уыди — бадти, улæфын дæр нал уæндыди.

Æххæст ма кæрты дуар дæр куы абæрæг кодтаин, зæгъгæ, чызджы фыд бараст и дуары ’рдæм.

— Æйтт, мæ хæдзары бын, ацырдæм куы æрбацæуы, цæй худинаг фæдæн, цæй,— зæгъгæ, та адзырдта ног сиахс йæхинымæр æмæ лидзынырдæм фæци. Куыддæр кауыл фæцæйгæпп кодта, афтæ йыл куыдз йæхи ауагъта, цухъа æмæ куырæты фæдджитыл æмæ хæлафы бæттæнтыл иумæ фæхæст и æмæ æртæйæн дæр се ’мбистæ зæххы авæрдта.

Чызджы фыд дæр æй уыцы сахат ауыдта æмæ топп фергъæвта.

— Цы дæ уый, цæвын дæ!

Ног сиахс кæм сдзырдтаид фæстæмæ!.. Топпы хъæр фæцыди, æмæ сиахсы худ атахти кæдæмдæр.

Фæстæмæ ма кæм фæкасти сиахс, къæхтæ йыл базад æмæ лидзынтæ систа донластæй, æрдæг цухъайы, æрдæг куырæты, æрдæг хæлафы æмæ æнæ худæй.

Нал ныууæндыди уыйфæстæ йæ каистæм, ныууагъта чызджы æмæ хъæбæр ныссомы кодта:

— Урс куыдз æмæ цъæх хæрæг мæ Хуыцау фестын кæнæд, æз ма искуы ус куы ракурон.

Кæд æм нырæй фæстæмæ исты хъуыды æрцæуа, уыййеддæмæ абон дæр ма уыцы лæппу афтæ бады, йæ дзырдыл хъæбæр хæцы.

БИРÆГЪЫ ЦАРД ХУЫЗДÆР У

edit

— Æппын дæ, Темболат, суг ласгæ куы никуыуал федтон, æнæ сугæй цæрыс æви цы?

— Куыд ма цæуон суг ласынмæ, нæ зонын. Иу бон куы ацæуын æмæ сомырдæджы аргъ куы ракæнын, уæд къаддæр фондз боны мировоймæ фæцæуын, ууыл бирæ афон фесафын, стæй уæддæр ноджы ныффидын къаддæр иу туман. Фæлтау, мæ хæлар, бирæгъау мæ хæринаг хомæй куы хæрон, уæд хуыздæр у.

ДЫУУÆ АДВОКАТЫ

edit

— Заманы нæ фæдæн, Уырызмæг, хъуыддаг бакæнын, æмæ мын йе æххæстæй нал раттынц, йе та мын æппындæр ницыуал раттынц.

— Уæдæ мæныл ахæм ми никæд æрцæудзæн. Исчи мæм куы ’рбацæуы, уæд ын фыццаджыдæр зæгъын: «Де ’ртæ сомы рахæсс, стæй уæд уыйфæстæ ныхас кæндзыстæм!» Нæ, Гуыргъохъо, ма тæрс, ме ’хцайæ иу грош дæр никæмæ баззайдзæн.

«СÆГУЫТ»

edit

Суд æвзæрста цуанон æмæ хосдзауы хъуыддаг. Суд фæрсы цуаноны:

— Цæмæн фæцæф кодтай ацы лæджы?

— Хуыцауыстæн, барæй йæ нæ фæцæф кодтон, сæгуыт æй фенхъæлдтон.

Суд цуаноны ныхасмæ байхъуыста æмæ, барæй кæй нæ уыди, уый тыххæй йæ сраст кæнынмæ хъавыди.

Уæд хосдзау размæ ралæууыди æмæ загъта:

— Раст тæрхон нæ кæныс, суд, <лæджы> хуызæн сæгуыт ма искуы федтай?..


  This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 113 years or less since publication (if applicable).