Балкъан æмæ Турчы хæст (Гæдиаты)

Балкъан æмæ Турчы хæст (1912)
by Гæдиаты Секъа
289830Балкъан æмæ Турчы хæст1912Гæдиаты Секъа


БАЛКЪАН ÆМÆ ТУРЧЫ ХÆСТ


Цард тыхсы дугæй...
Сармадзан нæрсы,
Нæмгуытæ дзугæй
Бæрзæндты хæссы.

Тымбылæй калы
Йæ дзыхæй цæхæр,
Æнæвгъау мары,
Лыг кæны цæхгæр.

Пырх кæны бæстæ,
Быдыртæ къахы,
Дзыллæты хæрзты
Ингæнмæ калы.

Пырхытæй лæууынц
Быдырты,хуырау,
Зæдтæ сыл кæуынц,
Дис кæны хуыцау.

Цæргæсæй, сынтæй,
Тугиаджын хæрынц,
Цæф лæгтæ зынтæй
Удисæн кæнынц.

Дургай ызгъæлынц,
Сау хохы цæндтæ;
Дзыхъхъыты змæлынц
Сау туджы цæдтæ.

Абон мах ыстæм,
Райсом — иннæтæ,
Уæд цæмæн къахæм
Раздæр ингæнтæ?..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.