Бинонтæ (Багъæраты)

Бинонтæ (1914)
by Багъæраты Созыр
290526Бинонтæ1914Багъæраты Созыр


БИНОНТÆ


Уазал сæ хæдзарæ,
биццеу æрфунæй æй,
хуссæг æ афони
алке дæр сæттуй.
æркæсæ сæ цардмæ,
дуйне куд æййевуй,
æ мадæ æ цори
къелабæл рæхцуй.

Авари талингæ —
нæййес дзи минасæ,
кодта дзи гъарæнгæ
хуарз мадæ нурмæ.
Уарзон лæг фесавдæй,
æфсæдти байзадæй —
обæл ци дессаг æй
рист зæрдæн хъурмæ.

Уæддæр ци? Цæрунцæ,
не'гъдæуттæ хуарз æнцæ,
хуарз осæ æ зæрдæ
даруй æ синхбæл.
Рæхцуй æ къелабæл,
фестъæлфтæй, фегъал æй...
Цума лæг фестадæй
сæ тургъи бæхбæл.

Рауадæй сонт осæ:
«Уæууæй, ци мин фæдтæ?
Расхъиудтæй дзатмайæй —
банцадæй е дæр.
Бинонтæ фæцæнцæ,
биццеуи гъудæнцæ,
хæдзари дзиназгæ
байзадæй седзæр.


1914 анзи декабри 3 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 109 years or less since publication (if applicable).