Бирæгъ (Малиты)
БИРÆГЪ
(Хуæнхаг радзурд)
Зæнхмегъæ бæзгин бадт æркодта отари аллифарс. Еу къуар сардзиней бæрцæмæ зин адтæй равзарунмæ ести. Гъæдæ, къолтæ æма будур мегьи буни фæцæнцæ. Отармæ хæстæг игъустæй дони сæр-сæр, фал зингæ ба нæ кодта дон дæр. Фиййау Дзанбол раскъардта æ дзогæ. Арæхъи тегьи уæнгæ, скъæрунмæ ин æнхусгæнгæ, ниццудтæн æ хæццæ æз дæр.
Фустæ ку ниуурдуг кодтонцæ арæхъи фахсбæл, уæд Дзанбол æрлæудтæй, æриста хъримаг йе усхъæй æма 'й сиргъувта.
- Ци кæнис? — бафарстон æй æз.
- Далæ мед арæхъ еу цъæх цидæр, мегъæнхуз, дума фустæрдæмæ буруй æ фазæбæл, отæ 'нгъæлун.
Æдзинæг никкастæн æз дæр арæхъмæ. æцæгæй, еу тум-бул цидæр мегьи хурфæй тухзиндæ кодта.
- Дорæй, къодахæй — ести разиндзæнæй, — загьтон Дзанболæн.
- Нæ, - зæгъгæ, батилдта йе æ сæр, — берæгъ униау æй. Мегъæ бони фазæбæл бургæй лæборагæ 'й, — отæ зæгъ-гæй, Дзанбол нигъгъавта æндаргмæ. Хъримаг фæкъкъипп кодта, фал не систа.
- Куйтæ дæ бахуæрæнтæ! — сдзурдта мæстгун гьæлæ-сæй Дзанбол. Хъримаг нæуæгæй сиргъувунмæ куд гьавта йе, отæ фустæ фезнæт æнцæ, гургургæнгæ фæстæмæ фахсбæл исхæрд кодтонцæ.
- Гъей! Гъей! — нигъгьæр кодта Дзанбол æ гъæлæси-дзаг. Идард рандæй еци гъæр. Омæн дзуаппæн инод, фал рæсугьд низзардта тар гъæди зæгъæндор.
Фустæ фæстæмæ отари смедæг æнцæ. Рацудан мах дæр тагъдгомау сæ фæсте. Стур цъæххуз къода куй гъæр рæйгæ нæ размæ рауадæй отарæй — æвæдзи, фусти згулимæ нис-хъæтæг æй е дæр. æрхъæрдтан отармæ. Уалæнги зæнхмегъæ дæр æхе есун байдæдта. Бон кодта ирдæй ирддæр. Фустæ бакьупхæ æнцæ скъæти фарсмæ æма знæт кæсæ кодтонцæ.
— Раскъæрæ сæ, — загьта мин Дзанбол, æхуæдæгга æр
лæудтæй фусти рацæуæнбæл еуварс.
Фустæ радæргъæмæнцæ æ рæзти; нимайун сæ байдæдта.
Мæ фустæй еу гъæуй, — загьта Дзанбол, нимад ку фæцæй, уæд. — Уайтæккидæр, берæгь ке адтæй, ой базуд-тон, — отæ зæгьгæй, йе еу усмæ зæнхæмæ кæсгæй балæуд-тæй, уæдта æриста хъримаг æ рагъæй æма 'й дорбæл æ тухæй ниццавта. Хъримаг басастæй — дууердиги æ гъæдæ ферхъез æй, æ кеми нæбал адтæй сампæл дæр, æвæдзи.
Дзаума ку нæ бæзза, уæд даруйнаг нæй, — загьта Дзанбол æма фусти фæсте ранæхстæр æй.
Кæсгæ имæ байзадтæн æз дæр.
This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago). The author died in 1942, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 81 years or less (if applicable), or the copyright term is 101 years or less since publication (if applicable). |