Булкъ æмæ мыд (Хетæгкаты)

Булкъ æмæ мыд (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290225Булкъ æмæ мыд1899Хетæгкаты Къоста


БУЛКЪ ÆМÆ МЫД


Ма худ аууонмæ æвзæрыл,
Хорзы–иу йæ цуры бафау!
Дунетæй хуыздæр куы фестай,
Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау!

Хорз æфсин цы нæ хæринаг
Авæрдзæн лæгæн йæ разы! –
Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй
Бирæ кад дæттын фæразы...

Гъе, уæддæр нæ хæринæгтæ
Алы ран сæхи ыстауынц,
Загъдкæнынц, сæ кæрæдзийы
Уазæджы цæстмæхъус фауынц.

Физонæг ма, йе хæбизджын Дзурæд! –
Уазæг дæр цæ буц у,
Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, –
Тайтма дæ хæрынц, – ныхъхъус у!

Булкъæн та æппын цæсгом нæй! –
Фаджысдон кæны къæбицæй,
Судзы ком, уæддæр дын искæй
Уадзы, цы, хуыздæр йæхицæй?!.

Иу фынджы рагъыл та иу хатт
Уый дæр та фæзынд кæцæйдæр!..
Уайтагъд та йæхи фæсфæдты
Мыдмæ баластахæстæгдæр...

– Оф, оф, уазæг, æз мыдимæ, –
Загъта, –диссаг дæн, æрбалæу...
– Гъе, смаггæнаг! – мыд фæмæсты.
Ныр цы мæткæныс мæ бæсты,
Æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.