Гæды лæг (Кочысаты)
(ÆНÆУИ – «НÆ ПЪЫРЫСТЫФ СÆРРА»)
ДЫУУÆ АКТЫ ИРОН ЦАРДЫ НЫВ
МИВДИСДЖЫТÆ:
Умархан – 40-аздзыд лæг, гуыбыр, мæгуыр, дзæгъæлдзуаг.
Мызылон – йæ ус.
Пъырыстыф.
Т æ л м а ц.
Къомиан – сыхаг ус.
Мча – пъырыстыф рарвит-барвит кæныны тыххæй кæй дары, ахæм.
ФЫЦЦАГ АКТ
editÆвдисæн бынат. Мæгуыр уат: тъахтин скъуыдтæ æмбæрзæнимæ. Иу къуымырдыгæй – даргъ бандон: йæ иу кæрон бады. Мызылон, йæ разы –æвзæр æнæсæр æргьæу чырын. Мызылон даргъ æндахæй хуийы уæфстæ.
1-аг РАЦЫД
Мызылон иунæгæй, хуийгæйæ дзуры.
Мызылон. Исчи дæ амара, уæвгæйæ та, ахæм лæджы, йæ хæдзары мæт чи нæ кæны! Райсом раджы сысты æмæ уымæй изæрмæ æгас хъæуыл дзæгъæлдзу чи кæны арахъдзуан. Тæхуды, æмæ йæ къона, йæ лæг дæр хæдзары мæт кæмæн æркæны! Цымæ кæдмæ афтæмæй цæрдзынæн?
2-аг РАЦЫД
Умархан цудтытæгæнтæ æрбацыд фыдрасыгæй æмæ Мызылоны фарсмæ æрбадт хæстæг.
Мызылон. Кæм та ныххырхтай, кæм, хæрзбын бауай? (Мызылон дарддæр абадт.)
У м а р х а н. Ма хъæр кæн, Мызылон, дæ хъæр та уæлæсыхмæ куы хъуысы, худинаг у.
Мызылон. Хъæр кæнын худинаг у, фæлæ арахъдзуан зилын худинаг нæу? (Адæмырдæм.) æз та фæдæн зылындæр. æрбакæсут-ма, йæ тæф куыд кæлы, цыма арахъхъы боцкъа у, уыйау. (Умарханмæ.) Дæ туг баназай, – уый дын мæ хуыздæр арфæ.
У м а р х а н. Ей, ей, ма кæн! Мызылон, æгæр хъæртæ ма кæн, хуыздæр дын у...
Мызылон. Уæдæ дын хуыцауæй дæр тæригъæд нæу? Мæн ам сыдæй мæлгæ куы ныууадзыс æмæ дæ грустæ арахъхъыл куы баназыс, уæд? Нырма доны хъæстæ дæр куы нæ дæн, уæд... (Кæуы.)
У м а р х а н. Хæрæджы тъæнгтæ бахæр, кæд ницыма бахордтай, уæд... (Иучысыл цыдæртæ ахъуыды кодта.) Уый бæсты байхъус, æз дын цыдæр зæгъдзынæн. (Умархан хæстæг бабадт.)
Мызылон. Цы та мын зæгьдзынæ?.. Цал арахъхъы ныххырхтай, уый?
У м а р х а н. Ма хъæр кæн, æрра, æз æхца ссардтон.
Мызылон. О, о, дæхи капеччытæ-иу нуазгæ бакæн, стæй уæд голладжыдзаг цæуылнæ ссардзынæ! (Мызылон дарддæр абадтис.)
У м а р х а н. Нæ дæ уырны?.. Тæтæртуппы ардыстæн! (Хæстæгдæр бабадтис Мызылонмæ.)
Мызылон. Ау, уæдæ ма сæм цы боны хорзмæ æнхъæлмæ кæсыс? (Хæстæгдæр бабадтис лæгмæ.) Цæуылнæ сæ æрхастай?
У м а р х а н. Уæлæ хъæды даргъдæр цы бæлас у, гъеуый бын сæ баныгæдтон, стæй ма доны æнгуыр ауагътон, быдыры та къæппæг сæвæрдтон æмæ, гъе, уыдон куы æрцахсой, гъеуæд сæ æрхæсдзынæн.
Мызылон. Цу, уæдæ сæ æрхæсс, уыдон дæр афонмæ æрцахстой.
У м а р х а н. Ды ныр дæ ног дзауматæ скæн... Кусгæ дæр сæ кæн... (Дзургæ-дзургæйæ сыстади.)
Мызылон. æмæ мын æндæртæ балхæндзынæ?
У м а р х а н. Балхæндзынæн, балхæндзынæн... Донмæ дæр сæ цу.
Кусгæ дæр сæ кæн. (Дзургæйæ ацыди.)
3-аг РАЦЫД
Мызылон иунæгæй уаты: чырын бакодта æмæ уырдыгæй исы ног дзауматæ æмæ йæхи аразы. æрбацыд К ъ о м и а н.
Къомиан. Дæ бонтæ хорз, Мызылон! Кæдæм цæуыс, кæ, чи амардис?
Мызылон. О, о... кæд, миййаг, цæуыс... Никуыдæм цæуын, фæлæ ныр мæ бон даритæ дарын дæр у. Макæмæн зæгъ, дæ судзгæ мæрдтыстæн, фæлæ нæ лæг æхцатæ ссардта.
Къомиан. Никæмæн зæгъдзынæн, ме 'дзарды хайыстæн. Тæхудиаг фæуат, мах та цымæ кæд фендзыстæм цард? (Иучысыл алæууыди.) Цæй, хæрзбон у.
Мызылон. Фæндараст фæу. (Къомиан ацыд.) Хуыцæутты хуыцау, дæуæй бузныг, кæдæй-уæдæй мах дæр дæ руаджы цард фендзыстæм.
4-æм РАЦЫД
æрбацыди У м а р х а н æнгуыримæ, æнгуырыл ауыгъд тæрхъус, йæ къухы – дзаг дзæкъул æмæ къæппæг, къæппæджы мидæг – кæсаг.
Умархан. Мызылон, æрхастон дын сæ. (Мызылон фæлæбурдта æмæ æхцайы дзæкъул амбæхста, стæй æнгуыр æмæ къæппæгмæ кæсы.) Усай! Ацы зæронд бадæн, æмæ ахæм диссаг никуыма федтон: кæд нæ къæппæг æрцахста кæсаг, нæ æнгуыр та – тæрхъус!
Мызылон. Ахæм диссаг никуыма федтон, мæ мæрдтыстæн.
Умархан. Ацы диссæгтæ- иу дæ зæрдыл лæууæнт – æхцатæ цы бон ссардтам, уый.
Мызылон. Табу йæхицæн – абоны хицауæн. Алы бон дæр дын куывд кæндзыстæм. (Гæдытæ уасынц. Мызылон тарстхуызæй.) Дæ-дæ-дæй, нæ лæг, уый та цæй хъæр у?
Умархан. Уый дæлæ нæ пъырыстыф сæрра, æмæ йæ сбастой æмæ йæ нæмгæ, хъыллистытæгæнгæ фæтæрынц.
Мызылон. Мæгуырæг. Цы дзæбæх лæг уыдис, дин-дингæнгæ-иу йæ уæрдон нæ рæзты æрцæйцыди.
Умархан. Уыдоныл мард æрцæуæд, фæлæ-ма мæнæ ацы кæсаг афыц. (Мызылон исы кæсаг.)
5-æм РАЦЫД
Фидиуæг (æдде). Йæ, Умархан! Уым дæ, цы?
Умархан. Мæнæ дæн. Чи дæ? (Мызылонмæ.) Банымæхс сæ. (Хъæрæй.) Мидæмæ!
Фидиуæг (мидæмæ æрбацыд). Уæ бон хорз! Дæлæ дæм къæнцылары пъырыстыф дзуры.
Умархан. Ау, æмæ пъырыстыф мæнæй цы кæны?
Фидиуæг. Цы зонын. Цæй æхцатæ ссардтай?
Умархан. Ау, цæй æхцатæ ссардтон æз? Уый бæсты мæнæ сбад æмæ фæйнæ арахъхъы аназæм. (Умархан йæ дзыппæй систа авджыдзаг арахъхъ, йæ ронæй райста агуывзæ, рауагъта æмæ кувы.) Хуыцау, уæдæ ахъаз бакæн... адæмы хорзæх дæ уæд. Къулер дæ хуыцау скæнæд. (Нуазы йæ йæ бынæй. Фидиуæг дæр æй анызта йæ бынæй.)
Фидиуæг. Цæй, цом, Умархан.
Умархан. Ау, кæдæм?
Фиди у æ г. Кæдæм, уый нæ зоныс? Ныр дæ дæ иу арахъхъы тыххæй куы ныууадзин. (Лæдзæгæй йæм бавзыста, стæй йыл фæлтæры тыххæй ласыныл.)
Умархан. Хорз, мæ хæлар. Цæуын… (Ацыдысты.)
Мызылон (иунæгæй). Къомиан мæ æрбабын кодта, йæ хъæбулы фыдтæ ахæра, мæ хæдзар фехæлд! Мæ дзæгъæлдзых мæ æрбабын кодта... Дæ хæдзар æрбайхæла, Къомиан!
Æмбæрзæн
ДЫККАГ АКТ
editКъæнцылар. Астæуæй – стъол, йæ алыварс – бандæттæ, тæккæ бакæсæны бады пъырыстыф, йæ сæрмæ къулыл – паддзахы ныв. Стъолæн иннæрдыгæй бады писыр, стъолы фарсмæ лæууы тæлмац.
Мча æрбакодта Умарханы, æмæ лæууынц дуаргæрон.
1-аг РАЦЫД
Пъырыстыф (йæ къухæй амоны Умарханмæ). Спросите-ка у него, правда ли он нашел деньги?
Тæлмац. Пъырыстыф дæ фæрсы, æцæг, дам, ссардтай æхца?
У м а р х а н. Нæ, ницы ссардтон.
Тæлмац. Господин пристав, я, гаварит, не нашел.
Пъырыстыф, Как же он не нашел, когда соседка говорит?
Тæлмац (Умарханырдæм). Куыд, дам, не ссардтай? Дæ сыхаг ус дам, дыл комдзог куы цæуы?
У м а р х а н. æмæ-ма уæдæ мæ сыхаджы ардæм æркæнут.
Тæлмац (пъырыстыфмæ). Господин началник, а ну-ка, гаварит, приведите соседку.
Пъырыстыф (Мчамæ). Ну, приведите ее.
Тæлмац (Мчайæн). Цу æмæ сæ сыхаг усы æрбакæн ардæм. (Мча ацыд.)
Пъырыстыф(тæлмацмæ). Скажите ему, пусть сознается чистосердечно, лучше будет, мы все равно до всего докопаемся.
Тæлмац (Умарханмæ). Пъырыстыф афтæ зæгъы: фæлтау басæтт, хуыздæр дын уыдзæни, цыфæнды сусæг æй куы кæнай, уæддæр æй мах рабæрæг кæндзыстæм...
У м а р х а н. æмæ рабæрæг кæн. æппындæр мыл ма бацауæрдæд... Дæ фыдæх мæ уæд...
Тæлмац. Расыг дæ, цы? Мемæ та цы хæцыс?
Пъырыстыф (тæлмацмæ). О чем вы?.. Перестаньте спорить... Что он говорит? Вы мне переведите.
Тæлмац. Господин пристав, он не признает себя... (Мча Къомианы æрбакодта.)
2-аг РАЦЫД
Тæлмац. Я, гаварит, не боюсь вас.
Пъырыстыф. Ну, хорошо... Спросите ее, правда ли сосед нашел деньги?
Тæлмац (Къомианмæ). Пъырыстыф дæ фæрсы, дæ сыхаг, дам, æцæг ссардта æхцатæ?
Къомиан (тæлмацæн). Бæгуы, ссардта.
Тæлмац (пъырыстыфæн). Да, гаварит, нашел.
П ъ ы р ы с т ы ф (тæлмацæн). Откуда она знает это?
Тæлмац (Къомианæн). Цæмæй, дам, зоныс ды, дæ сыхаг æхцатæ ссардта, уый?
Къомиан(тæлмацæн). Йæ ус мын дзырдта.
Тæлмац(пъырыстыфæн). Господин началник, жена, гаварит, гаварила.
Пъырыстыф (тæлмацæн зæронд лæгмæ амонгæйæ). А почему же он отказывется, спросите, ведь вот его жена говорила соседке?
Тæлмац (Умарханæн). Цæуылнæ, дам, сæттыс? Дæ ус, дам, дыл комдзог куы рацыд, уæд?
Умархан. æмæ уæдæ-ма мæ усы ардæм æркæнут. Уый йæхæдæг æрра куы у, уæд.
Тæлмац (пъырыстыфæн). А ну-ка, гаварит, приведите жену.
Пъырыстыф. Пусть приведут его жену.
Тæлмац (Мчайæн). Ацу, йæ усы йын æркæн. (Мча ацыд.)
Пъырыстыф. Так он все же не хочет признаваться?
Тæлмац (Умарханмæ). Уæдæ, зæгъы, нæ сæттыс?
Умархан. Ай æрдхæрæн диссаг нæу! Цæуыл сæттон, куы ницы зонын мæ сæрæн...
Тæлмац. Он гаварит, он ничего не знает.
Пъырыстыф. Так что же, все врут, а он один прав? Пусть он знает и заметит, что я докопаюсь, меня никто еще не проводил, пусть знает, в чьих он когтях.
Тæлмац. Пъырыстыф афтæ зæгъы, уæдæ се 'ппæт дæр гæдыйæ дзурынц, æрмæст ды дæ æцæг?..
Умархан. Ай-гъай, гæды сты... Мæ ныхæстæ та сты æцæг, уымæн æмæ æз æрра нæ дæн. Уыцы ныхæстæ чи рауагъта, уый та у æрра.
Тæлмац. Я, гаварит, не дурак, а кто, гаварит, такие слова пустил, – дурак.
Пъырыстыф. Да, конечно, он не дурак. Если бы он был дурак, то найденные деньги не поднял бы. А вот я ему скажу, что он дурак, потому, если бы он представил начальству найденные деньги, то он был бы честен и из найденных денег получил бы часть.
Тæлмац. Ай-гъай, ды æрра нæ дæ; æрра куы уыдаис, уæд æхцатæ дæр нæ бамбæхстаис. Фæлæ дын пъырыстыф афтæ зæгъы: ды æрра дæ, уымæн æмæ æхцатæ хицæуттæм куы бахастаис, уæд цæсгомджындæр уыдаис, хайджын дæр уыцы æхцатæй уыдаис...
Мча (Мызылоны æрбакæны). Рацу дын, зæгъын, дзæбæхæй... Цалынмæ се 'ппæты мæстытæ дæуæй нæ систон... Сыгъд уыл ссæуа æгас сыхæй!.. Мæ сау туг мын куы акалын кодтат!.. Цыма сæ нардæй æвзарынц, уыйау сæ иугай-иугай ласын кæнынц.
Пъырыстыф. Ну, ну, что там больно язык распустил, ишак!
Мча. Арæби!..
П ъ ы р ыстыф. Не надо «араби»... Что такое случилось? Что он хочет сказать?
Тæлмац. Цы зæгъынмæ хъавыс?
Мча. Арæби, мæ дзых мын схæлиу куы нæ уадзы!
Пъырыстыф (Мчаимæ æмдзырд кæны). Не надо «араби»... Молчать!.. Замолчи, болван!..
Тæлмац. Банцай-ма, дæ хорзæхæй, Мча!
Мча. Арæби!..
Пъырыстыф. Молчать!..
Мызылон (мæстыхуызæй, бустæгæнгæ дзуры). Ам дæр ма не 'рбалæууыдтæн! (Зулмæ кæсы Къомианмæ.) Йæ хъæбулты фыдтæ ахæра, мæн ардæм чи æрбалæууын кодта, уый!
Пъырыстыф. Ну, вот теперь она... Прикажите ей замолчать.
Тæлмац. Банцайут-ма, хицауы раз дæр уæхиуыл фæхæцын нæ зонут.
Пъырыстыф. Спросите ее, правда ли муж ее нашел деньги.
Тæлмац (Мызылонырдæм). Пъырыстыф дæ фæрсы, дæ мой, дам, æцæг ссардта æхцатæ?
Мызылон (тæлмацырдæм). Бæгуы, ссардта.
Тæлмац. Да, гаварит, нашел.
Пъырыстыф. Почему же он сам не сознается?
Тæлмац (Умарханырдæм). Пъырыстыф афтæ зæгъы, дæ ус, дам, дыл комдзог куы цæуы, уæд, дам, дæхæдæг цæуылнæ сæттыс?
У м а р х а н. æмæ уый йæхæдæг æрра куы у, бафæрсут-ма йæ, кæцы бон ссардтон æхцатæ?
Тæлмац. А ну-ка, гаварит, спросите ее, в какой день я нашел деньги, она, гаварит, бешеная, сумашедшая.
Пъырыстыф. Ну, спросите ее.
Тæлмац (Мызылонмæ). Цавæр бон, дам, ссардта дæ мой æхцатæ?
Мызылон (дисгæнгæйæ дзуры). Диссæгты бон, зæгъ. Мæнæ, зæгъ, не 'нгуыр тæрхъус куы æрцахста, нæ къæппæг та, зæгъ, кæсаг куы æрцахста, гъеуæд.
Тæлмац (пъырыстыфмæ). Вот, началник, кагда балшой цирк случился, кагда наш капкан рыба поймал и кагда наша удочка заяц паймал.
Пъырыстыф (тæлмацмæ). Правда ли она сумасшедшая?
Тæлмац (Мызылонмæ.) Пъырыстыф афтæ зæгъы, æцæг, дам, дæ æрра æви цы?..
Мызылон. Мæ хæдзар æрбайхæлд! æрра та циу? (Лæбурдтытæгæнгæйæ.) Афтæ-ма йын зæгъ, æз, зæгъ, нæ дæн æрра, фæлæ, зæгъ, мæнæ ды куы сæрра дæ, æмæ дæ, зæгъ, куы сбастой æмæ, зæгъ, хъыллистытæ куы кодтай, раст, зæгъ, гъеуæд уыдис уыцы æхцайы ссард.
Тæлмац (пъырыстыфмæ). Не я, гаварит, сумашедшая, а вот, гаварит, кагда вы сделались сумашедшим, когда вас, гаварит, связали и когда вы кричали.
Пъырыстыф. Да, она действительно сумасшедшая. С нею опасно и говорить, уведите ее отсюда скорее. Пускай уходят остальные к черту. (Сты æмæ фæцæйцæугæйæ дзуры тæлмацмæ.) Впрочем, этих двух женщин посадите в холодную, это им будет полезно; там до вечера просидят и глупости не будут болтать. (Пъырыстыф фæцæуы.)
Умархан. Йæ хуыцау, табу – дæуæн, мæн ацы зондæй æххæст чи фæкодта! Цыфæнды зын ран дæр мæхи бахъахъхъæнын фæразын. Дзæбæх та мæхи куы фелвæстон! (Тæлмацмæ.) Цы кæсыс?.. Акæ уыдон ахæстонмæ, кæд фæзондджындæр уаиккой!
Æмбæрзæн
Кæрон
This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago. |