Гъæй, джиди! (Хетæгкаты)

Гъæй, джиди! (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290132Гъæй, джиди!1899Хетæгкаты Къоста


ГЪÆЙ, ДЖИДИ!


Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, –
     Бар ма йын радт!..
Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды
     Иуæй-иу хатт.
     
– Гъæй, джиди, – афтæ фæзæгъы йæхицæн, –
     Искуы æздæр
Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн
     Кад æмæ сæр!

Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид
     Искæй зынад,
Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид
     Уарзондзинад!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.