Гъæр (Багъæраты)

Гъæр (1917)
by Багъæраты Созыр
290544Гъæр1917Багъæраты Созыр


ГЪÆР


Тох фæдес, уæхæн гъæрмæ нæ нæртон лæг
гæпп кæнидæ æ циртæй.
О, нæ лæг! Кæми нин дæ, нæ сау тог нин
ниуазунцæ хъæзинтæй.

Хор фæйдтан, æ фæууинди нæ цæститæ
фæттарæнцæ æ рохсæй.
Фун фæцæй, æ фæуунмæ нæуæг æрдзæги —
бафтудæй нæ бæрзæй.

æй уæууæй, — хуæздæр æнгъæл нæ тайуæгтæн
гъезæмарæ, фудæбон.
Дор ку н 'ан, нæ берæгътæ сæ фусдзæртти
ку кæнунцæ сæ фæндон.

Ес-нæййес, уæддæр, дан, нин уæ сау тогæй
нæ фæндон мизд нæ кустæн.
Сугъд зинæй, басæй сугъдæй æдонугæй
нæ донæй дæр æстъæлфæн.

Къахт цæттæ 'й! æнсонунцæ нæ уордæмæ
æд сувæллон, æд устур.
Ох, зæгъæн, æнгъæл ма кæсæн дæ циртмæ, —
хъæбæр нæ гъæуй дæ сæр.

Саст фæцан, кæми нин дæ, дæ цирти фарс
куд нæ тонуй нæ гъæрæй?
Тагъд фæдес! Дæумæ кæсæн, ци нин фæдтæ,
ислæуерæ дæ циртæй.

Арв нæруй, æ тухцæфтæй нæ зæрдитæ
ниррезунцæ сæ бунтæй.
Арт цæуй, æ циренмæ нæ не 'знæгтæ
фæттæрунцæ тумугъæй.

Раззаг рæнгъити,
раззаг дамгъати,
урдугмæ æркæсæ —
Къостай æримисæ.


1917 анзи июни 10 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 106 years or less since publication (if applicable).