Дамкъа нæ цыд хæдзарæй,
Хицауы раз хъазыди,
Къуыдыр куыдз та уазалæй
Дуаргæрон басыди.
Къуыдыр куыдз дын дамкъамæ
Хъырнгæ 'мхасæн бадзырдта:
— Цы хорз фæдæ не 'лдарæн,
Куыд хорзæн дæ базыдта?!
Хæринæгты дзæбæхтæ
Ды куы 'взарыс фæлмæнæй;
Æхсин дæр дæм хæлар у,
Бадзуры дæм дæрмæнæй.
Боныцъæхæй изæрмæ
Мæхи, фатау, фæхæссын,
Изæрæй та цæхгæрмæ
Дуаргæрон ныххуыссын.
Хуыснæг, æндæр ызмæлæг,
Цъиутæхæг дæр нæ уадзын;
Рæстæй зилын мæхæдæг,
Гæды митæ нæ уарзын.
Къæбылатæ, дамкъатæ
Минас кæнынц дзæбæхæй;
Къуыдыр куыйтæ, егартæ
Фæхаудысты къæдзæхæй.