Дзæбидыр хохы сæр
Цад-доны ныккаст,
Федта дзы йæ сытæ, —
Диссаг æм фæкаст:
— Адон та цы хæссын
Мæ сæрыл, загъта, —
Æгас къæдзæхтæ!..
Мæлдзыджы фарста.
Мæлдзыг ын загъта:
— Иу хатт уæм кастæн,
Куы хæцыдыстут
Сау хохы рындзыл, —
Уæ сыкъаты хъæр
Хох йемæ хаста.
Цы хæцыдыстут,
Цы уын уыд æмбис?
Бæстæ æмхуызон у, —
Уе 'ппæтæн дæр ис...
Цæрын нæ зонут,
Уарзондзинад нæй,
Уастæн фæкæна
Хæрам уд дæдæй!
Махмæ ма бакæс!
Сæдæ-сæдæ иумæ
Куыд цæрæм,
Кусгæ дæр — иумæ,
Сихор-æхсæвæр
Иумæ куыд хæрæм...
Кæрæдзи уарзæм,
Зыд дæр нæ кæнæм,
Чи нæ хъыг дары,
Уыдон фæтæрæм.
Дзæбидыр йæ сæр
Æруагъта дæлдæр, -
Фæлæ сыкъатæ
Нæ хауынц уæддæр.