Дзæбуг æмæ хъæсдарæг (Гæдиаты)

Дзæбуг æмæ хъæсдарæг (1911)
by Гæдиаты Секъа
289742Дзæбуг æмæ хъæсдарæг1911Гæдиаты Секъа


ДЗÆБУГ ÆМÆ ХЪÆСДАРÆГ


Дзæбуг æмæ хъæсдарæг
Иумæ кодтой ныхæстæ.
Дзæбуг загъта: — Æнæ мæн
Ницы скæнис мæ фæстæ.

Æфсæйнаджы æз хойын,
Ныцъцъæл вæййы, дзуллагау,
Ды та иуран куы бадыс,
Ныффæлдæхыс голлагау.

Хъæсдарæг дæр ысдзырдта,
Афтæ зæгъы дзæбугæн:
— Каед иуранæй не змæлын,
Уæддæр зын у мæ удæн.

Æнæ мæн ды цы скæнис,
Цы бакусис, мæ лымæн?
Ысхъиудтытæй, гæппытæй
Ницы бæззы зæгъынæн.

Афтæ быцæу фæкодтой
Дзæбуг æмæ хъæсдарæг.
Хисдæр чи у дыууæйæ,
Уымæн фæу æвзарæг.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.