Дидинæг (Гæдиаты)

Дидинæг  (1911) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1911, Рауагъ аз: 1911. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ДИДИНÆГ


Дидинæг æнкъардæй
Сындз къутæры бын
Ысхъыг и йæ цардæй,
Нал сæфы йæ рын.

Йæ марæг сындзытæ
Йæ алварс лæууынц,
Сау къогъо бындзытæ
Йæ уæлæ цæуынц.

Уалдзыгон дидинæг
Дымгæты фæрсы,
Афтæмæй, мæгуырæг,
Æнхъæлмæ кæсы:

— Каед уыдзæн мæ рæстæг,
Кæд æркæсдзæн хур?!
Мæ бынат ныммæстæг,
Кæд бауыдзæн сур?

Мæйрухс мæм нæ кæсы,
Нæ мæ тавы хур,
Иу лæг мæ нæ фæрсы,
Фæдæн сын ызмур.

Кæдмæ мын тондзысты
Сындзытæ мæ сæр?!
Кæдмæ мыл омдзысты
Сæхæдæг æвзæр?!

Куы 'ркæсид мæныл дæр
Уалдзыгон хъарм хур!
Нæ уæндын зæгъын дæр:
Мæ зæрдæ ныддур!



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse