Домбай æмæ зыгъарæг (Гæдиаты)

Домбай æмæ зыгъарæг (1906)
by Гæдиаты Секъа
289504Домбай æмæ зыгъарæг1906Гæдиаты Секъа


ДОМБАИ ÆМÆ ЗЫГЪАРÆТ


Домбай æмæ зыгъарæ!
Иумæ цуаны цыдысты;
Зыгъарæг уыд ыскъæрæг, —
Сæ дыууæ дæр зыд ысты.

Сагтæ ахста, сæгуыттæ
Домбай — фæлтæрд цуанон.
Зыгъарæг дын йæ хъустæ
Æрæппæрста, уьгй базон.

— Фылдæр хæрыс, мæ лымæн, -
Афтæ загъта зыгъарæг, —
Равзарыс ын йæ фæлмæн,
Дæхи скæные фыдуарæг.

— Каед дæ нæ фæнды, дæхæдæг
Цуаны хæт иунæгæй,
Æз цæрдзынæн мæхæдæг,
Нæ тæрсдзынæн иу лæгæй.

Зæронд домбай æрдонгæа
Ахсы сырдты нарддæрты.
Зыгъарæг та ыстонгæй
Ахсы мысты къаддæрты.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.