Дууæ фиййлуи (Малиты)

Дууæ фиййлуи (1935)
by Малиты Геуæрги
290989Дууæ фиййлуи1935Малиты Геуæрги


ДУУÆ ФИЙЙЛУИ


(Дигорон кадæнгæ)

Бæргæ ниццæгъдуй
И Уази фиййау
Æ даргъ хæтæлæй
Сау хонхи фиййаумæ:
—Уой, ку фесафдтæн,
Ку исцæунцæ
И Биаслантæ
Дууадæсемæй!
Дууадæсемæй,
Тухæ кæпунмæ,
Тухæ кæнунмæ,—
Мæ фонс йесунмæ!
Бæргæ ниццæгъдуй
Сау хонхи фиййау
Уæд даргъ хæтæлæй
Уази фиййаумæ:
—Уой, ма тæрсæ, ма,
Мæ уарзон лимæн!
Дæ дзоги æхсæн
Йес стур сау сæгъæ,
Дæ иуазгутæи
Ду йеци сæгъæ,
Таведзæгæнгæ,
Ракосарт кæнæ.
Сæ хуæрди усми
Фæффæдес кæнæ
Дæ фонсмæ, цума
Сирд лæборæг йес.
Дæ рауади-йеу
И баси агæ
Ду ракъуæрдзæнæ
Дæ галеу къахæй.
Уæд фесæфдззенæй
Хуцауи фæндæй,
Хуцауи фæндæй
Дæ тухгин æзнаг!
Уæд ку схъæрттæнцæ
И Биаслантæ
Сæумæ рагиау
Уази фиййаумæ.
Ракосарт кæнуй
Æ иуазгутæн
Æ сау нæл сæгъæ
И Уази фиййау.
Сæ хуæрди усми
Фæффæдес кæнуй,
Æ фонсмæ цума
Æрбалæбурдæй.
Æ рауайунбæл
И баси аги
Æ галеу къахæй
Ку рацæй къуæрдта.
Ку рахæлеутæ 'й
И циуан агæй
И сау зæнхæбæл
И тæвдæ басæ.
Уæд йе 'рбаздахтмæ
Уази фиййауæн
Æ иуазгутæ
Ниддæргъмитæ 'нцæ,
Ниддæргъмитæ 'нцæ
И зæнхи астæу,
Ра-сæбæл калдæй
И тæвдæ басæ.
Бæргæ ниццæгъдуй
Уæд даргъ хæтæлæй
И Уази фиййау
Сау хонхи фиййаумæ:
— Тæрегъæд гъуддаг
Цæмæн бакодтай?
Фæццæгъдуни 'ицæ
Мæ иуазгутæ,
Нæ ниттайдзæнæй
Уони тæрегъæд,
Уони тæрегъæд,
Мæ уарзон лимæн.
И сау зæнхæ дин
Дæ мед бунати
Ку ниттондзæнæй
Хуцауи дзурдæй...
Ку ниццæгъдуй уæд
Сау хонхи фиййау
Æ даргъ хæтæлæй
Уази фиййаумæ:
— Мæгур адæмæн
Тухгæнæгæ ка уа,
Йе де 'уазгутау
Фудфæндаг фæууа...
Нур йеци исæфд
Фæди фæдмæ дæр
Нæ тухгæнгутæн
Дæнцæн байзайа!
Нур уоци коймæ
И Биаслантæн
Хауæг бæласау
Сæ нифс бассгтта!..


1923


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States (and not published in the U.S. within 30 days), and it was first published before 1989 without complying with U.S. copyright formalities (renewal and/or copyright notice) and it was in the public domain in its home country on the URAA date (January 1, 1996 for most countries).
This work was in the public domain in Russia on the URAA date January 1, 1996, according to the Law 09.07.1993 No 5351-1 which was enacted on that date:

  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 50-year protection term was applied;
  • and the creator died before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996).

The author died in 1942, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 81 years or less (if applicable), or the copyright term is 88 years or less since publication (if applicable).