Дыууæ тыхы (Гæдиаты)

Дыууæ тыхы (1911)
by Гæдиаты Секъа
289730Дыууæ тыхы1911Гæдиаты Секъа


ДЫУУÆ ТЫХЫ


Хъармдæр-хъармдæр тынг æртавы,
Хур арвы астæуæй кæсы.
Хурыл сау мигъ йæхи 'ппары,
Дымгæ митуазал хæссы.

Тынгæй-тынгдæр хуры тьгнтæ
Комæй-коммæ нывæвдынц.
Ихуарынæй хохы зымтæ
Сæхи дагъты ныуæрдынц.

Фылдæр-фылдæр дидинджытæ
Фылдæр зайынц цæхгæрæй...
Сау сынт, халон фидиуджытæ
Банцайдзысты сæ хъæрæй.

'Тагъддæр-тагъддæр хохы дæттæ
Къæдзæхбынтæй фæхъарынц;
Хуры тæвдæй ихæн дæттæ
Уалдзыгон бон фæтайынц.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.