Дыууæ фысы (Гæдиаты)

Дыууæ фысы (1912)
by Гæдиаты Секъа
289836Дыууæ фысы1912Гæдиаты Секъа


ДЫУУÆ ФЫСЫ


— Æрмæст нæ бирæгъ куы хæрид, уæд та цы кæны,
          Иу фыс иннæмæ бадзырдта.
Фæлæ нæ æхсынкъ тынгдæр хъыгдары,
          джыбы та нын нæ туг бацъырдта.

— Замана уый у, — загъта иннæ фыс, —
          Æфсæдæн сын нæй
Æхсынчъытæ æмæ джыбытæн,
          Уастæн, фæкæной дæдæй!

Бирæгъы бар нæ куы уадзиккой,
          Уæд та нын циу!
Фæлæ нын бахордтой
          Ацы æдзæсгæмттæ нæ фиу!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.