Зæрватыкк (Хетæгкаты)

Зæрватыкк (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290244Зæрватыкк1899Хетæгкаты Къоста


ЗÆРВАТЫКК


Зæрватыкк – æнæхъыг,
Æнæмаст цæрæг!
Дæ зарæг – нæ дарæг,
Нæ уалдзæггæнæг!

Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæй
Фæхæтай фæрнæй
Нæ хæхты, нæ бæсты,
Æлдар кæмæн нæй!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.