Зæхмæ курдиат (Калоты)

Зæхмæ курдиат (1940)
by Калоты Хазби
290399Зæхмæ курдиат1940Калоты Хазби


ЗÆХМÆ КУРДИАТ


Гъей, ныхæсты ныфс, мæнæй цæй дард дæ!
Гъей, цæй тыхджын дæ, зæрдæйы рад!..
О нæ зæхх, цæрынæн мæ ныййардтай
æмæ мын дæ урс æхсырæй ратт!

Мæн дæуыл дунейы уаг ныббаста.
Демæ ахицæн мæ хъару нæу.
Уарзын æз дæ хæхтæ судзгæ уарзтæй,
Уарзын æз дæ фæйлаугæ мæнæу.

Уарзын, о, фæлæ, зæгъ-ма, нæ дуджы
æз нæртон уæйгуыты ’хсæн цы дæн!
Курын, бауадз фидар тых мæ туджы.
Ма мæ бамбæхс де ’рттиваг тæмæн.

Мæн хъæуы дæуæй поэты хъару
æмæ ’ндон фæттæ æппæт дзырдтæн.
Гъей, кæм дæ, сæрибар дуджы уари,
Рахæсс-ма дæ базыртæ мæнæн!


1940 азы 29 июль Елхот


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator fought or worked for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 74-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1950 (more than 74 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1950 (more than 74 years ago).

The author died in 1943, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 80 years or less (if applicable), or the copyright term is 83 years or less since publication (if applicable).