Зондджын æдылыйы зæрдæмæ нæ цæуы (Гæдиаты)

Зондджын æдылыйы зæрдæмæ нæ цæуы (1912)
by Гæдиаты Секъа
289436Зондджын æдылыйы зæрдæмæ нæ цæуы1912Гæдиаты Секъа
Зондджын æдылыйы зæрдæмæ нæ цæуы

Рагон ирон зондджын лæг Сем Санибайы комы фæцæйцыд æмæ фæндагыл иу лæгыл амбæлди:

— Дæ фæндаг — раст! — загъта Сем. Уый йæм æрбаздæхт.

— Ды Сем дæ, адæм зондджын кæй хонынц?

Æмæ, арфæйæн фæстæмæ дзуапп радтыны бæсты, Семы æлгъитын райдыдта.

Цæуынц иумæ. Сем хъусы. Иннæ йыл æнæрæнцайгæйæ, алывыд калы.

Хъæумæ куы баввахс сты, уæд Сем æрлæууыд æмæ æлгъитæгæн загъта:

— Дæ хорзæхæй, цасдæриддæр мæ æлгъитинаг дæ, уыйас мæ ацы ран фелгъит, кæннод хъæумæ куы бахæццæ уæм, уæд дыл адæм фæхуддзысты.

Нæ басæтдзынæ мæстыгæры сабырдзинадæй, хæрам лæджы — хорз кæнынæй, чъынды лæджы — рæдаудзинадæй, гæды лæджы — рæстдзинадæй.


This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.