Ирон хъæздыг (Гæдиаты)

Ирон хъæздыг (1905)
by Гæдиаты Секъа
289455Ирон хъæздыг1905Гæдиаты Секъа


ИРОН ХЪÆЗДЫГ


Бæхты рæгъау, фысдзугтæ —
Нæ хъæздыгæн йæ фæллой.
Арæх уыны фыддугтæ,
Уый нæ кæны цæлæнцой.

Йæхицæй дын æппæлдзæн:
«Бирæ — мæ фос, мæ бæхтæ»...
Цыхты мур дын æрсæтдзæн,
Кæндзæни дын дзæбæхтæ.

Арæх хынцдзæн йе 'хцайы, —
Хъæздыг кæсы йæхимæ:
Райсом раджы йæ цаи, —
Каердзыны мур цæххимæ.

Кæрдзыны мур, цъæх арахъхъ, -
Уый йæ минас изæрмаг.
Изæрæй дын йæ садахъ
Абæтдзæни цæхгæрмæ.

Æхсæв-бонмæ зилахар
Райдайдзæни æдзухæй.
Йæ топпы къæдз иу сахат
Нæ цух кæны йæ къухæй.

Фыдудæнæй фæцæры,
Фаджыс мæрзæг, дондзауæй...
Фæлмæн къæбæр нæ хæры,
Ныйихсийы хосдзауæй.

Куы ныммæлы бæгънæгæй,
Уæд ын кæнынц хистытæ,
Равзарынц ын хæрнæгæн
Иу азыккон куистытæ.

Фæлдисынц ын фыдызгъæл, —
Зымæг, дам, дын ма сæлæд.
Дæ уæлæ уæд цъæх ызгъæр, —
Знаг дын тых ма кæнæд.

Дæ фæндон, дæ бар — дæхи,
Дæ уарзонтимæ фæцæр...
Нал дæ хонæм мах нæхи,
Буд—дæ цырагъ, сæкæр хæр!

Дæ ингæн — рухс, дæ мæрддзаг
Нæуæгæй тон дзæнæты.
Хæлар дын уæд дæ фыццаг...
Бахаудыстæм дæ мæты.

Мæнæ дæ чызг дæ цуры
йæ риу хойы, дзыназы,
Йæ дзыккутæм лæбуры,
Йæ сæр æнцад нæ уадзы:

Бахордтай йын йæ ирæд,
Ауæй йæ кодтай, бæхау.
Ныр уый бæгънæгæй сирæд,
Ды бамбидзынæ ...ау.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.