Ирон чиныгыл чи нæ архайы, уыцы ирон адæмæн лæвар (Гæдиаты)

Ирон чиныгыл чи нæ архайы, уыцы ирон адæмæн лæвар (1911)
by Гæдиаты Секъа
289723Ирон чиныгыл чи нæ архайы, уыцы ирон адæмæн лæвар1911Гæдиаты Секъа


ИРОН ЧИНЫГЫЛ ЧИ НÆ АРХАИЫ, УЫЦЫ ИРОН АДÆМÆНЛÆВАР


Байрагыл нæ бадут, —
Бæх та махæн нæй.
Кæрæдзи нæ уарзут,
Уæ зæрдæ ныкъкъæй.

Цалынмæ бæх арат —
Байрагмæ кæсут.
Базонут уæ фадат, —
Сæрмæ йæ хæссут.

Искæй хорз саулохæй
Дæ байраг — хуыздæр.
Хæсдзæн дын сау хохæй
Бæрзæндты дæ хъæр.

Сырæздзæн нæ байраг,
Бæх уыдзæн — саулох.
Нал уыдзæн уæд тъайлаг
Нæ бæстæ, нæ хох.

Йæ уасын, йæ хъæрæй
Нæ бæстæ нæрдзæн.
Хорзæй уæд — æвзæрæй
Уый немæ цæрдзæн.

Хурæй нæм хæсдзæни
Бæрæг дзырд дзæбæх,
Зондæй та уыдзæни
Хох æмæ къæдзæх.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.