Ирыстон (Гæдиаты, 1910)

Ирыстон (1910)
by Гæдиаты Секъа
289711Ирыстон1910Гæдиаты Секъа


ИРЫСТОН


Нæ хæхтæ, нæ бæстæ,
Нæ кæмттæ, нæ дон,
Лæнчытæ, уæлвæзтæ, —
Дзæнæт у, уый зон.

Цъититæ, сау хæхтæ
Бæрзондæй кæсынц,
Фыдæлты таурæгътæ
Дымгæтæн кæнынц.

Нæ хъæдтæ — бæлæстæ,
Нæ саугæнд — æввар.
Мæ уарзон, мæ фæстæ
Хъæлдзæгæй ныззар...

Нæ хуссар фæцъæхтæ.
Цæгат ма — зæйуат.
Æрхытæ — дыдæгътæ,
Ком комыл æруад.

Нæ кæмттæ — лæгæттæ,
Къæдзæхтæй — æмхæст.
Сау мигъты лæтæртæ
Нæ хæхтыл — æмбæрзт.

Нæ сæрвæт — кæрдæдæджын,
Нæ хуымгæнд — цæндтæ.
Нæ хæдзар—фæздæдæджын,
Нæ сихор — цæттæ...

Ирон лæг йæ бæстæй
Куы сиса йæ къух —
Йæ туг ын йæ фæрстæй
Уæд цъирынц æдзух.

Дардмæ ныл йæ зæрæг
Нæ мæтæй хъæрзы,
Нывондæн нæ сæртæ
Æрхæссын бæззы.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.