Йиуазæг (Гуырдзыбеты)

Йиуазæг (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290357Йиуазæг1902Гуырдзыбеты Бласка


ЙИУАЗÆГ


— «Æгас нæмæ цо, кадæр дæ, -
Йиуазæг лæвар æй!
Кадгин бадæн дин, исбадæ
Мæ уæларт æлдарæй!

Дæ бæхи сагъæс ма кæнæ, —
Гъудгонд дин уодзæнæй;
Дæ дзаумаутæ мин ракæнæ, —
Уинун дæ уездонæй!» —

Уотæ читæ кæнидæ Нарт,
Йиуазæг æрцæугæй;
Адгин ин тæтидæ, чит, хуард,
Æ сæргъи ниллæугæй.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.