Кæм дæ, кæм дæ, мæ райгуырæн хæхбæстæ (Кочысаты)

Кæм дæ, кæм дæ, мæ райгуырæн хæхбæстæ (1942)
by Кочысаты Мухарбег
290471Кæм дæ, кæм дæ, мæ райгуырæн хæхбæстæ1942Кочысаты Мухарбег


Кæм дæ, кæм дæ, мæ райгуырæн хæхбæстæ


Кæм дæ, кæм дæ, мæ райгуырæн хæхбæстæ,
Цы фæдæ, цы, мæ ивгъуыд бонты цард?
Кæмдæр кæугæйæ ихсийут мæ фæстæ,
Нæ сæгдзыд къæс, мæ иунæг хо, мæ мад.

Цы ран ыстут, мæ рагбонты лымæнтæ,
Кæдæм фæлыгъд уæ хъæлдзæг худт, уæ хъазт?
Тæрсын, æваст куы фæсыкк уой мæ фæндтæ,
Æмæ æууилы ме взонг зæрдæ маст.

Мæ фæстæ-иу зæрдырай ут уæ цардæй,
Фæсурæд фарн уæ зын, уæ рынтæ дард.
Æз цалынмæ нæ амæлон нæ бартыл,
Уæдмæ æлвæстæй дардзынæн мæ кард!


1942 азы 8 мартъи
Сталинграды облæст, Суровикинойы станицæ


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator fought or worked for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 74-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1950 (more than 74 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1950 (more than 74 years ago).

The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 81 years or less since publication (if applicable).