Кæфхъуындар (Коцойты)

Кæфхъуындар (1923)
by Коцойты Арсен
289520Кæфхъуындар1923Коцойты Арсен
Кæфхъуындар
Роман
I

Хур хъæды сæрмæ чысыл сзынди, афтæ пъæлицæйы 3-аг участочы дуармæ балæууыди иу лæг — йæ хъæбысы, галиу къухыл, иу-дыууæазыккон лæппу, йæ фарсмæ та уади, йæ фæдджийыл хæцгæйæ, иу-цыппаразыккон чызг. Йæ рахиз къухы стыр браунинг фæздæг калдта. Участочы дуармæ лæг сывæллоны зæхмæ æриста, къулы рæбын æй æрбадын кодта æмæ йын йæ къухы конфеттæ ратта.

— Æрбад Сосланы фарсмæ! — загъта лæг чызгæн æмæ йæм францусаг гуыл ратта. — Æрбад æмæ йæм фæкæс, куы агура кæрдзын, уæд ын-иу авæр!..

Сывæллон йæ хойы къухты куыддæр гуыл ауыдта, афтæ йæм фæлæбурдта. Уæд сын лæг гуыл адих кодта, æмæ дыууæ дæр зыдхæрд кæнын райдыдтой. Бæрæг уыди, уыдон бирæ стонг кæй баййæфтой.

— Ахæрут, ахæрут баппа, — сдзырдта сæм лæг æмæ участочы дуарыл бахæцыди. Дуар æхгæд разынди. — Цымæ цæмæн уа æхгæд? — фæдис кодта лæг. Раздæхти фæстæмæ æмæ, дзæгъæлгастгæнгæйæ, сывæллæтты раз æрлæууыди. Нырма ныр æрхъуыды кодта, йæ къухы дамбаца кæй уыди, æмæ йæ хуымпъыры нытътъыста.

Уый уыди бæрзонд, хæрзконд æмæ уæнгджын лæг — иу-30-азыккон. Арæзт уыд кавказаг хæххон дзауматы — урс куырæт æмæ морæ цухъа биноныг æлвæст уыдысты сауарæзт ронæй. Роныл ауыгъд уыдысты сауарæзт хъама æмæ дамбаца сау хуымпъыры. Сау ныллæг худ чысыл къæбуты ’рдæм бырынгондæй уыди йæ сæрыл. Бæрæг уыди, уыцы лæг дзаумайы аивдзинад кæй æмбары.

Лæгæн йæ цæсгом уыди цикъæйы хуызæн фæлурс.

Цæстытæ-иу хаттæй-хатт тарст æрттывд фæкодтой — æвæццæгæн, ныртæккæ, чысыл раздæр, уый стыр тасон хъуыддаджы уыди. Даргъ сау рихитæ æмæ цыбыр сау чысыл цыргъ зачъе йæ роцъойыл, — уыдонæй фæлурс цæсгом ноджыдæр фæлурсдæр зындис. Стыр мæт, уæззау хъуыдытæ йын йæ сæрымагъз кæй бацахстой, уый бæрæг уыди йæ фезмæлдæй, йæ цæстæнгасæй, йæ цæсгомы ахастæй.

Цы йыл æрцыди? Цы катай кæны ацы лæг?.. Абады, фесты фæстæмæ, рауай-бауай акæны... Афтæмæй йæ чи фенид, уый зæгъид: «Ацы лæг у æрра!»

Уалынмæ дуары хъæр фæцыди.

— Цы уæ хъæуы, цы бадут ам? — райхъуысти хæдзаргæсы ныхас. — Кæд участокмæ æрцыдыстут, уæд нырма раджы у, 10 сахатмæ ма бирæ хъæуы.

Афтæ фенхъæлмæ касти уыцы лæг сывæллæттимæ дыууæ сахаты бæрц, цалынмæ пристав нæ фæзынди. Уæд уый систа чысыл сывæллоны йæ хъæбысы, иннæмæн та йæ къухыл рахæцыди, афтæмæй бацыди комкоммæ приставы кабинетмæ. Уым, æнæ дзургæйæ, сыхæлдта хъама æмæ дамбаца æмæ сæ стъолыл æрæвæрдта.

— Цы кæныс, цы дыл æрцыди? — бафарста пристав.

Уый ризгæ хъæлæсæй дзуапп ратта:

— Ныртæккæ мæ усы амардтон... Æрцахсут мæ, тæрхонмæ мæ раттут... Мæхи мæт нал кæнын... Фæлæ мæнæ ацы дыууæ æнахъом сывæллоны... Рухсæй ницы федтой, фæкæсæг сæм нæй, хæссæг сæ нæй... Ницы æмбарынц, ницы аххосджын сты... Батæригъæд сын кæнут!.. Сæфын сæ ма бауадзут...

Ацы ныхæстæ куы дзырдта лæг, уæд йæ цæстытæ доны разылдысты. Рахиз цæстæй иу стыр цæссыг расхъиудта, æртылди фæдгæнгæйæ суанг рихийы онг æмæ уым апырх и фæйнæрдæм.

Лæууы лæг стъолы раз, æнхъæлмæ кæсы, цы кæндзæни пристав.

Пристав мырмыраг бацагъта. Дыууæ городовойы бацыдысты æмæ лæджы ахæстонмæ акодтой.

Уый фенгæйæ, чысыл лæппу ныккуыдта æмæ йæ фæдыл акъахдзæфтæ кодта, дзургæйæ: «Баба, баба!»... Чызг æм бауади рæвдауæн ныхæстимæ, фæлæ йæхæдæг дæр йæхи нал баурæдта, — уайтагъд йæ былтæ фесчъил сты æмæ даргъ ауагъта:

— Ба-ба, цом нæхимæ!..

II

Цыппар азы размæ, иу фæззыгон бон, ацы лæг рацыди Невски проспектмæ йæхи ирхæфсынмæ, адæммæ бакæсынмæ. Уыди æвзæр тар бон. Петербургон арв йæхи ныхъхъуынтъыз кодта тæргайгæнаг сывæллонау æмæ, æнæ уаргæйæ, уымæл æвæрдта хæдзæрттыл æмæ уынгтыл.

Нинæ æмæ Катя, дыууæ хойы, сфæлмæцыдысты хæдзары бадынæй, рацыдысты уыдон дæр сæхи ирхæфсынмæ Летни цæхæрадонмæ, акастысты фæйнæрдæм — иу змæлæг дæр дзы нæ уыди, æмæ фæстæмæ рацыдысты.

— Цом Невски проспектмæ, — загъта хистæр хо Нинæ, — уым хъæлдзæгдæр у!

Куыддæр Садови уынджы уæлæмæ фездæхтысты, афтæ Нинæ æвиппайды фæлæууыди.

— Кæсыс, Катя, уæлæ æрцæуы.

Катя акасти.

— Уымæй мын дзырдтай?

— Уымæй, бæлвырд. Уый, æвæццæгæн, кавказаг кънйаз у... Цал хатты сфæнд кодтон йемæ базонгæ уæвын, — нæй, ницы йæ хъус дары... Кæс-ма, куыд ыл фидауынц цухъа, бæрцытæ, хъама... Хæрзконд лæппу у тынг.

Катя аджих и, цыма исты йæ зæрдыл æрбалæууыди, цæстытæ æрцъынд кодта æмæ сындæг сдзырдта:

— О Нинæ, æз кæй федтон, уый бирæ рæсугъддæр æмæ хæрзконддæр у... Мæ зæрдæ афтæ йемæ баззади.

Ацы ныхæстæ Нинæмæ æппындæр нæ бахæццæ сты. Уый касти уæлæмæ, цæуæгмæ.

— Цом, Катя, — загъта Нинæ. — Абон ын æнæ базонгæ нал ис.

Сындæг араст сты уæлæмæ. Сæ цæстытæ æдзынæгæй цавд уыдысты лæппумæ. Лæппу, галиу къухæй карды сæрыл хæцгæйæ, рахиз къух тилгæйæ, чызджыты иувæрсты йæхи æруагъта, — йæ цæстытæ арæзт уыдысты æрмæст размæ.

Кæстæр хо сдзурынмæ хъавыди: «Цы хъал у, цы, кæсгæ дæр нæ кæны!» — фæлæ нал сдзырдта.

Куыддæр лæппу сæ æмрæгъмæ æрхæццæ, афтæ Нинæйæн йæ зонтик æрхауди æмæ тротуарæй дæлæмæ атылди.

Лæппу фæкасти зонтикмæ, фæлæ араст и дарддæр.

— Дикар... Невежа! — фæстæмæ разилгæйæ, хъæрæй сдзырдта Нинæ.

Уынджы уыцы æртæ удгоймаджы йеддæмæ ничи зынди, æмæ лæппу хинымæр загъта: «Æвæццæгæн, уыцы дзырдтæ мæнмæ арæзт сты». Фæзылди фæстæмæ, йæ цæстæнгас Нинæйы цæстæнгасыл аныдзæвди. Чызджытæ æнцад лæууыдысты æмæ йæ фæдыл кастысты. Зонтик дæр зæххыл лæууыди. Бацыди сæм лæппу æмæ къуыхцгæйæ бафарста:

— Уыцы дзырдтæ мæнмæ арæзт уыдысты? — Бæрæг уыди ныхасæй, уый уырыссаг æвзаг хорз кæй нæ зоны.

— Ай-гъай, дæумæ! — комкоммæ кæсгæйæ дзуапп ратта Нинæ.

— Цæмæн?

— Мæ зонтик ахауди, уый федтай, æмæ дыл уæздан æгъдауæй æмбæлди уый сисын.

— Æз федтон, дæ зонтик барæй кæй аппæрстай. Фæлæ йæ барæй куынæ аппæрстаис, уæддæр æй цæмæн сисон — дæхиуыл ис къухтæ. Зæронд куы уаис, æмæ дын йæ сисын зын у, уый куы федтаин, уæд мын хæс уыдаид йæ фелвасын.

Чызг систа йæ зонтик æмæ сындæг сдзырдта:

— Кавказаг ныхæстæ кæныс.

— Кавказаг дæн, æмæ уæдæ æндæр куыд?

Дзургæ-дзурыны чызджытæ раздæхтысты лæппуимæ. Сындæг цæуынц Летни цæхæрадоны ’рдæм.

Нинæ та комкоммæ бакасти лæппумæ æмæ сындæг загъта:

— Ай Кавказ нæу, ай у Уæрæсе. «Бирæгътимæ цæрыс, бирæгъау ниу», — афтæ зæгъы уырыссаг æмбисонд.

Лæппу мидбылты бахудти.

— Уый мæнæн æгъдау нæу. Кæмдæриддæр уон — æз кæндзынæн мæхи æгъдау.

Чызг æнæ дзургæйæ бирæ фæлæууыди, стæй бакасти лæппумæ æмæ, къуызгæйæ, сдзырдта:

— Дæ ныхас мæ зæрдæмæ цæуы. Уый лæджы ныхас у. Ахæм лæджы ныхас, йæхицæн аргъ кæнын чи фæразы... Аккаг нæу, адæймаг йе ’гъдау æрмкъухты хуызæн раив-баив куы кæна... Зæгъ-ма, кънйаз, чиныджы æппындæр нæ ахуыр кодтай?

Лæппуйæн æхсызгон уыдысты чызджы ныхæстæ, райгæ цæстæй йæм бакасти æмæ дзуапп ратта:

— Нæ, нæ ахуыр кодтон, мæ рæстæджы, æз кæм цæрын, уым скъола нæ уыди.

Афтæ дзургæйæ, дыууæ чызджы æмæ лæппу Летни цæхæрадоны уæллаг дуармæ æрхæццæ сты. Нинæ курæгау сдзырдта:

— Кæд дæ æвдæлы, кънйаз, уæд уæртæ уыцы бандоныл чысыл абадæм!

Лæппу царди Петербурджы дыууæ мæйы бæрц. Хъуыддаджы зонгæ йеддæмæ йын нырма дзæбæх зонгæ нæ уыди, — кæимæ абада, кæимæ аныхас кæна æвдæлон сахаты. Куы базыдта, адон пристав Скворцовы чызджытæ сты, уæд ын тынг æхсызгон уыди æмæ йæхи нал аласта уыдонимæ дарддæр базонынæй.

Бацыдысты цæхæрадонмæ. Сбадтысты бандоныл. Нинæйæ йæ ныхас нæ ферох. Исдугмæ зонтиччы фындзæй йæ разы змис хæххытæ кодта, стæй загъта:

— Гъæй-джиди, кънйаз, ды ахуыргонд куы уыдаис!.. Ныр дæр... Фæлæ уæд хуыздæр уыдаид... Чи зоны, исты стыр лæг сцадаис...

Лæг мидбылты бахудти, фæлæ ницы сдзырдта. Кæстæр хо ныры онг æрмæст хъуыста. Ныр нал фæлæууыди æмæ бафарста:

— Зæгъ-ма, кънйаз, Кавказ стыр горæт у?

— Дурæ! — сдзырдта Нинæ. — Географи куы ахуыр кодтай!..

Лæппу Нинæйы ныхæстæ нæ бамбæрста æмæ Катяйы фарстæн дзуапп ратта:

— Кавказ бæстæ у, горæттæ æмæ дзы хъæутæ бирæ ис...

— Гъæй-джиди, уый фен! — ныуулæфыди Катя. — Бирæ дзæбæхдзинæдтæ фехъуыстон Кавказы тыххæй. Чиныджы дæр кастæн цыдæртæ...

Нинæ йæм бакасти æмæ загъта:

— Чи нæ фыста Кавказы тыххæй!.. Пушкин, Лермонтов, Немирович-Данченко æмæ æндæртæ...

— Гъæй-джиди, уый фен! — ныуулæфыди та Катя.

Нинæ, зонтиччы фындзæй зæхх къахгæйæ, загъта:

— Кæд фендзыстæм мах та Кавказ?.. Мæнæ ацы дурын горæтæй дарддæр никуыма уыдыстæм!..

— Афтæ дард нæу Кавказ, — загъта лæппу, — цыппар боны цыд у машинæйы.

Лæппу никæд æнхъæл уыди, Кавказ афтæ бæлиццаг кæй у. Уый зыдта æрмæст, адæм дзы фыдæбоны цард кæй кæнынц, зæхх дзы фаг кæй нæй, æмæ алцæмæй адæм хъуаг кæй æййафынц. Зыдта ноджы, Кавказы цард зындоны хуызæн кæй у. Зыдта ноджы, хицæуттæ адæмы туг кæй нуазынц, кæрæдзиуыл сæ куыд ардауынц. Дис кодта лæппу — уæдæ цæмæй бæллиццаг у Кавказ?! Фæлæ уæддæр ныхас уыцырдæм кæй аздæхти, уым уый дæр æппæлын райдыдта йæ райгуырæн бæстæй. Хинымæр афтæ хъуыды кодта:

«Куы нæ дзы æппæлон, уæд мын куы ацæуой, хæстæгдæр базоныныл куынæуал сразы уой». Уый та æнахуыр бæсты, æнæ хæстæг зонгæйæ, фырхъыгæй марди. Ноджы хинымæр хъуыды кодта: «Приставы чызджытæ сты, афицеры чызджытæ, æмæ мын кад йеддæмæ æвзæрдзинад нæ уыдзæни уыдонимæ зонын».

Фæбадтысты дыууæ чызджы æмæ лæппу цæхæрадоны, рацу-бацу фæкодтой фæндæгтыл, бирæ фæдзырдтой Кавказы тыххæй, Уæрæсейы тыххæй... Хъуыддаг ууыл ахицæн, æмæ изæры театрмæ цæуыны фæнд скодтой иумæ. Ныр уал лæппу чызджыты сæ хæдзары дуармæ бахæццæ кодта, æмæ уым кæрæдзийæн хæрзбон загътой.

.............................................

VI

Райсомæй раджы Нинæ æмæ Катя, куыддæр сæ хуыссæнтæй сыстадысты, афтæ сæ ныййарджытæм базгъордтой æмæ, ныхæстæ кæрæдзийы дзыхæй скъæфгæйæ, дзырдтой:

— Стыр диссаг федтам дысон. Мах Хъуыдайнаты кафæн залмæ акодтам, цæмæй хи цæстытæй фена европæйаг кæфтытæ. Иу бон йеддæмæ йæ нæма ацахуыр кодтам, æмæ уый чи æнхъæл уыди? Цы бакодта, уый зонут? Касти, касти тынг зæрдиагæй, стæй йын цы кафт амыдтам, уый куы райдыдтой, уæд нал фæлæууыди, нал уагъта Нинæйы: «Цом акафæм». Нинæ нæ разы кодта, тарсти Хъуыдайнатæн фæкъуыхцыйæ. Араст сты. Бауырнæд уæ, хуыздæр нал æмбæлди, афтæ скафыди.

Мад æмæ фыд бацин кодтой.

— Нæ уын дзырдтон, уыдон хæйрæджытæ сты... Уыдон бæхы рагъыл тымбыл кафт куы кæнынц, — загъта фыд.

— Йæ кафт цыфæнды уæд, — загъта мад, — фæлæ дзæбæх лæппу у, йæ бакастæй — хæд-зонд, хъаруджын...

Нинæйæн æхсызгон уыди, йæ ныййарджыты зæрдæмæ дæр кæй цæуы лæппу.

VIII


Аргъауыны размæ Хъуыдайнат сæхимæ, Санибамæ, цæуыны фæнд скодта, цæмæй ахицæн кæна, йæ зæрдæ цы хъуыддагмæ æхсайы.

Раст цæуæн боны размæ стыр мæт æрхаудта йæ сæрыл.

Изæрæй куыддæр хуыссынмæ хъавыди, афтæ йæм номерты кусæг бадзырдта:

— Уæртæ дæ иу лæппу агуры... Салдат у, æнхъæлдæн, скъуыд цинелы.

Дис кодта Хъуыдайнат, уый та чи уа?

Бацыди иу-ссæдзазыккон рæсугъд, хæрзконд лæппу. Йæ уæлæ зæронд скъуыдтæ цинел, йæ сæрыл, бирæ чи ацарди, ахæм цармын худ.

Лæууынц, кæрæдзимæ кæсынц.

«Кæмдæр федтон ацы лæппуйы», — хъуыды кæны Хъуыдайнат.

— Нæ мæ зоныс æви цы? — сдзырдта уазæг. — Æз Андыри дæн, Хъуыдинæйы лæппу.

Хъуыдайнат æй йæ хъæбысы ныккодта, бацин ыл кодта.

Уый уыди Къабузаты Фидары фырт Андыри. Фидар, бонджын лæг, йæ фырт лæг суа, зæгъгæ, нæ ауæрста хардз кæныныл. Фæлæ лæппу фыдуагдзинæдтæм хорз арæхсти, ахуыр та æвзæр кодта. Алы къласы дæр дыууæ азы зади. Тыхтæй-амæлттæй гимназы 5-æм къласмæ схызти, фæлæ уæлдæр цæуын нал бафæрæзта.

Фыд бамбæрста, уыцы фæндагыл йæ фыртæй кæй ницы рауайдзæн æмæ йæ æфсæддон фæндагыл сарæзта. Уым дæр та ницы бакодта Андыри. Ахуыр кæныны бæсты æдзух хæрын, нуазын æмæ фыдуаг митæ кæныныл уыди. Фыд алы мæй дæр æхца æрвыста парахатæй, фырт та сæ хордта æмæ нозта, — ууыл хицæн кодта хъуыддаг.

Уый базонгæйæ, фыд йæ дзыпп æрæхгæдта.

Андыри полчъы хæринаджы æвджид куы æрызади, уæд загъта: «Ай цард нæу». Иу бон балæууыди Санибайы, йæ фыды хæдзары. Мад, хотæ æмæ æфсымæртæ йыл цин кодтой. Фæлæ фыд куы бамбæрста хъуыддаг, уæд æй дуары æдде фæкодта.

Андыри Дзæуджыхъæуы балæууыди. Уым иу мæйы бæрц ралли-балли акодта, йæ рагон зонгæтæй кæмæй сом сайдта, кæмæй — туман. Куыстæй та ницæмæ арæхсти.

— Ай цард нæу! — загъта та Андыри. Æрхъуыды кодта, Петербурджы йын мады æфсымæр кæй ис, рамбырд кодта фæндаджы фаг æхца æмæ машинæйы абадти...

Бакодта йæ Хъуыдайнат йæ номермæ. Дис кодта:

— Æз дын афонмæ афицер æнхъæл куы уыдтæн, уæд ай цæй хуызæн дæ?

— Цæй, Хъуыдайнат, — загъта Андыри, — ныхæстæ уыйфæстæ кæндзыстæм, фæлæ уал исты хæринаг æри — стонгæй мæлын! Знонæй нырмæ ницы бахордтон.

Хъуыдайнат номеры кусæгмæ фæдзырдта æмæ хæринæгты магазинæй æрбадавын кодта физонæггонд карк, цæхджын джитъритæ æмæ арахъы авг.

Андыри зæрдиагæй бавнæлдта хæрын æмæ нуазынмæ уайтагъд каркæй ннцыуал аззади, фæлæ ма авджы уыди арахъ.

— Æнхъæлдæн æмæ тынг стонг уыдтæ, Андыри, — загъта Хъуыдайнат. — Исты ма æрбадавын кæнон... — фæдзырдта та кусæгмæ.

Кусæг уайтагъд примусыл хъайла ацæттæ кодта.

Андыри хъайламæ дæр бавнæлдта. Фондз минуты фæстæ йæ разы авг æмæ тæбæгъ афтидæй лæууыдысты. Кæд ма дын стонджы у, Андыри? — бафарста Хъуыдайнат. — Æфсæрмы ма кæн!

Бахордтаид ма Андыри æви нæ — зын зæгъæн у, фæлæ æддæмæ ницы рабæрæг кодта æмæ загъта:

— Бузныг, Хъуыдайнат, хорз бафсæстæн.

Андыри, æнæуый дæр сырхуадул лæппу, ныр иудадзыг ныххæрзхуыз ис. Йæ зæрдæ бахъæлдзæг. Йе ’взаг дæр дзурынмæ фæуæгъддæр ис.

— Хъуыдайнат, мæ фыд мæ нæ хæдзарæй ратардта, — райдыдта Андыри. — Æрæгмæ кæныс афицер, зæгъгæ, мæм фæмæсты ис æмæ мын æхца нал æрвыста. Цы кодтаин уæд æз, стонгæй мæлгæйæ, куыд ахуыр кодтаин!.. Аппæрстон ме ’фсæддон куыст æмæ нæ хæдзармæ ссыдтæн. Æнхъæл уыдтæн, мæ фыд мыл фыдау бацин кæндзæн, фæлæ, куыдзы афтæ ничи ратæрдзæн, афтæ мæ дуары æддейы фæкодта.

Хъуыдайнаты ныр уыцы хъуыддæгты тыххæй дзурын нæ фæндыди æмæ загъта:

— Хорз нæу уый бæргæ... Райсом аныхæстæ кæндзыстæм хъуыддаджы тыххæй. Ныр уал, Андыри, фæллад дæ, æмæ хуыссыны фæнд скæн... Мæнмæ дæр хуыссын цæуы.

Хуыссæн ын бакодта диваныл. Куыддæр Андыри базыл йæ сæр æрæвæрдта, афтæ йæ хуыр-хуыр ссыди.

Хъуыдайнат дисæй марди, никуыма федта афтæ тагъд афынæй.

.........................................

XIII

Кофейы фынгыл дæр та Андырийы кой æрцыди. Ныр та Николай Иванович райдыдта. Чызджытæм бакасти æмæ загъта:

— Диссаг нæу, Андрей Фидарович кæм фесæфти!..

— Йæ зæрдæмæ нæ фæцыдыстæм, æвæццæгæн, — худгæйæ сдзырдта Нинæ.

Катяйы цæсгом та фæсырх и, фæлæ уый Нинæйы йеддæмæ ничи фæхъуыды кодта.

— Ног зонгæ у æмæ æфсæрмы кæны, æндæр цы! — загъта мад. — Исчи нын нæу. Нæ сиахс Хъуыдайнаты хæрæфырт у, æмæ йæм хъуамæ æрвитгæ дæр акæнæм...

Мæнæ йæм Гришæ бауайдзæн.

Афтæ кæй фæзылди хъуыддаг, ууыл Катя бацин кодта.

«Хонгæйæ куы æрбацæуа, уæд хуыздæр у, — дзырдта хинымæры Катя. — Уæд никæй зæрдæ æхсайдзæн».

Мады фæнд Николай Ивановичы зæрдæмæ фæцыди. Уый бакасти йæ усмæ, стæй чызджытæм æмæ загъта Гришæйæн:

— Бавдæл, лæппын, æмæ кофейы фæстæ Хъуыдайнаты фатермæ бауай, уым цæры Андрей Фидарович. Зæгъ ын мæ номæй — æнæ æрбацæугæ йын нæй абон сихормæ.

— Цæмæн сихормæ? Раздæр дæр рацæуæд, — загъта Нинæ. — Абаддзæн ам. Хъыг нæ кæны, зонгæтæ йын куы нæма ис!

Кофейы фæстæ Гришæ ацыди Андырийы хонынмæ, чызджытæ та рацыдысты сæхи уатмæ.

Андыри сыстади, йæхи ныхсадта, айдæны раз бады. Хаттæй-хатт мидбылты бахуды. Хъуыды кæны: «Æвæдза дзæбæх лæппу дæн... Чызджытæ мæ бирæ уарзынц... Æз афтæ æнхъæл уыдтæн, æмæ æфсæддон куысты куынæуал уон, уæд мæ нал уарздзысты. Акæс-ма, Скворцовы бæдул дысон комкоммæ мæн агурæг рацыди. Нæ йæ схъæр кодта, фæлæ афтæ уыди, æндæр цы?.. Хъуыдайнаты усаг дæр мæм æрбакæстытæ кодта».

Бавналы йæ фындзы бынмæ, адауы бындзы базырты йас рихитæ куы иуæрдæм, куы иннæрдæм. Адаудта æрфгуытæ дæр. Стæй уæд йæ сæрыхъуынтæ биноныг стæрдфаст ныккодта.

Уым ын иу хъуыды æвиппайды йæ сæрымагъз ацахста: йæ дзыппы иу сау капекк нал ис... Хъуыдайнат ын ам нæй, афтæмæй цы кæндзæни? Бамæсты ис Хъуыдайнатмæ: «Цы хуызæн адæм сты, цы?.. Уый дæр раст мæ фыды хуызæн. Йе ’хцайæн ныккæнæн нæй, афтæмæй мын цас ныууагъта — 50 сомы... Нæ зоны, Петербурджы цæрынæн æхца бирæ кæй хъæуы!»

Уыцы ран фатеры мырмыраджы зæлланг ссыди.

Андыри хъусы дуармæ. Дзурын дзы цæуы... Бацыди номерты кусæг æмæ загъта:

— Андрей Фидарович, уæртæ дæм иу чысыл лæппу æрбацыди.

Фæдис кодта, цæй лæппу у, æмæ загъта:

— Ракæн æй ардæм.

Бацыд Гришæ, Скворцовы фырт, æмæ бамбарын кодта хабар.

— Къуылых уæрццæн уад æрхæссы, — бацин кодта Андыри. — Уым уал абон арвитдзынæн, стæй та бон цæуы æмæ фарн хæссы.

Сбадын кодта Гришæйы æмæ йæ дзауматæ кæны. Дзауматæ кæнгæйæ, фæрсы лæппуйы йæ хоты тыххæй, сæ хæдзары хабæрттæй. Лæппу цы зыдта, — алцы дæр радзырдта, ницы басусæг кодта. Радзырдта, Нинæ иу хатт куырд куыд уыди, æмæ йæ йæ мойаг куыд ныууагъта. Радзырдта, Катя гимназистытимæ кинематографмæ куыд цыди. Уæд Андыри ноджы зæрдиагдæрæй фæрсын байдыдта лæппуйы æмæ Скворцовы бинонты хабæрттæ иууылдæр базыдта.

— Цас зыдтон ахæм бинонтæ! Æддæмæ сæ ракаст — рæсугъд, мидæгæй — чъизи æмæ алы æвзæрдзинад. Фæлæ мæн цы хъуыддаг ис, мæнмæ хорз зилæнт, æндæр цыфæнды кæнæнт.

Афтæ хъуыдытæ кæнгæйæ, дыууæ-æртæ зылды ма акодта айдæны раз, адаудта рихитæ иуæрдæм, иннæрдæм, адаудта æрфгуытæ дæр, стæй загъта:

— Гришæ, цом ныр. Æгæр сæ куы æнхъæлмæ кæсын кæнæм нæхимæ, уæд хорз нæу!..

Ацыдысты. Мит нал уарыди. Кæртгæстæ тротуартæ сыгъдæггонд фесты. Адæм дыууæрдæм цыдысты, цин кодтой хорз боныл, ног митыл. Дзоныгътæ дæр пассажиртимæ арæхæй-арæхдæр кодтой.

— Гъæй-джиди, ныр дзоныгъы абад! — сдзырдта Гришæ.

Фæлæ Андыри йæ дзыппы ахаст зыдта æмæ ницы сдзырдта.

Уалынмæ бахæццæ сты Скворцовы хæдзармæ. Гришæ мырмыраг бацагъта. Дуар байгом и. Дуары раз лæууыдысты Нинæ æмæ Катя.

— Какой вы нехороший, — загъта Нинæ. — Обещали бывать у нас и пропали.

Катя ницы сдзырдта, æрмæст лæппуйæн йæ къух райста. Нинæ фæхъуыды кодта, йæ хойы цæсгом та кæй фæсырх и.

Бацыдысты мидæмæ.

— Андрей Фидарович, хонын дæ цæмæн бахъуыди? — загъта, йæ размæ цæугæйæ, Николай Иванович. — Хонын дæ цæмæн бахъуыди, «дæхи хæдзары хуызæн нæм цу» дын куы загътам... Æй... æй... æй!.. Андрей Фидарович! Хорз нæу уый. Фæлæуу, мæнæ æфсин рацæуа, уый дын дæ хъуын хуыздæр ацæгъддзæн.

Уалынмæ дуарæй æрбазынди Мария Петровна. Андыри сыстади йæ размæ.

— Æй... æй... æй... Андрей Фидарович! — загъта æфсин. — Худинаг дæм нæ кæсы, хонæг арвитын дæм цæмæн бахъуыди? Ардыгæй уырдæм дыууæ къахдзæфы йеддæмæ нæу æмæ нæм Хъуыдайнаты ацыды фæстæ никуы фæзындтæ. Мах дæм нæхи хъæбулы хуызæн кæсæм, ды та дæхи дæрдты ласыс... Исчи нын нæ дæ, — Хъуыдайнаты хæрæфырт.

Лæппу сæфсæрмы ис æмæ загъта:

— Бахатыр кæнут, Мария Петровна, нырма ног æрцæугæ дæн ардæм, мæ хъуыддæгтæ арæзтон æмæ мæ не ’вдæлди. Фæлæ нырæй фæстæмæ цæудзынæн. Сымахмæ æрбауайынæй æхсызгондæр мæнæн цы уыдзæни!

Сбадтысты. Мад æмæ фыд фæрсынц лæппуйы йæ службæйы тыххæй. Лæппу раппæлыди йæ куыстæй. Загъта, куыд бузныг дзы у директор, куыд ын бавæрдта ныфс бæрзонддæр бынатæй.

Йæ ныхæстæ æхсызгон уыдысты бинонтæн.

— Статски службæйы дæр дард ацæуæн ис, — загъта Николай Иванович. — Æфсæддон службæйæ уый хуыздæр у, æнæмæтдæр. Кус зæрдиагæй, паддзахы раз куыст нæ сæфы.

— Куыд дæм фæкасти Петербург, Андрей Фидарович? — бафарста Мария Петровна.

Лæппу разы уыди Петербурджы цардæй æмæ загъта:

— Раст куы зæгъон, уæд мæ зæрдæмæ тынг фæцыди Петербург... Стыр, рæсугъд горæт у. Адæм ахуыргонд. Бирæ рæтты уыдтæн, фæлæ Петербурджы хуызæн культурон горæт нæ федтон.

— Кавказæй дæр хуыздæр у? — бафарста Катя. — Адæм иууылдæр Кавказмæ куы бæллынц.

Андыри ныкъкъуызыди æмæ загъта:

— Бæлвырд, Кавказ рæсугъд бæстæ у, фæлæ йæ адæм амы хуызæн культурон не сты.

— Нæ мæ хъæуы ацы культурон горæт, — сдзырдта Катя.— Кавказ хуыздæр у!

Мад бахудти æмæ загъта:

— Фæндараст фæу, кæд цæуыс?

Чызг чысыл фефсæрмы æмæ фæхъус ис, стæй æрæджиау сдзырдта:

— Сæрды Хъуыдайнат æмæ Нинæимæ ацæудзыстæм.

— Æмæ уæд Андрей Фидарович нæ цæуы? — бафарста Мария Петровна.

Андыри дзуапп ратта:

— Кæд мын отпуск раттой, уæд мын уыдонимæ ацæуынæй æхсызгондæр цы уыдзæн!..

Афтæ загъта Андыри, фæлæ йæ зæрдæйы бын та æндæр хъуыды уыди. Йæхи дæр цæуын нæ фæндыди, иннæты ацыд дæр ын æхсызгон нæ уыди, — тарсти схъæрæй хæдзарæй ратардæн æмæ иннæ хъуыддæгтæн.

Фыд дæр, кæстæртæм хъусгæйæ, загъта:

— Æз уыдтæн Кавказы къорд хæттыты. Уый æцæг рæсугъд бæстæ у. Амал куы уаид, уæд иудадзыг дæр уырдæм алидзин...

Уыцы ныхасмæ мад æмæ чызджытæ дæр нал лæууыдысты, дзырдтой:

— Цæуылнæ ис фадат, æхца нæм уый фаг уыдзæн... Службæ уым дæр ссардзынæ!

— Афтæ нæу хъуыддаг, мæ зынæргътæ, — загъта Николай Иванович. — Æз ам райгуырдтæн, ам аивгъуыдта мæ цард. Ам мын цы хæлæрттæ æмæ цы зонгæтæ ис, уыдон куынæуал уынон, уæд цæрын нæ базондзынæн. Сымах нырма лæппын стут æмæ нæ зонут, куыд зын у фесхъиуын райгуырæн бæстæй, ахуыр бынатæй. Афтæ иу-дыууæ къуыри ацæуын, зæрдæйы хъæлдзæгæн, ирхæфсынæн, уый хорз у.

Мария Петровна дæр чызджыты ныхæстыл разы кодта. Никуы уыди Кавказы æмæ йæ тынг фæндыди йæ фенын. Бирæ хæттыты Николай Иванович йæ фæндыл цыди, æмæ йæ ныр дæр ныфс уыди йæ фæнд атæрынæй, фæлæ хъуыды кодта афтæ: «Тагъд кæнын нæ хъæуы. Хъуыдайнат Нинæйы куы ахæсса, Андрей Фидарович та Катяйы, уæд ацæудзыстæм».

— Аходæн цæттæ у, — бадзырдта дуарæй кусæг ус.

— Цомут хæрæнуатмæ, йæ хъуыдытæ фæуадзгæйæ, загъта Мария Петровна æмæ разæй араст и.

.............................................................

XV

Аходæны фæстæ уайтагъд стыр залæй фæндыры хъæр ссыди. Уый уыди Катя, фæндыди йæ Андыриимæ акафын, фæлæ Нинæ чысыл нозтджын уыди æмæ хъуыддаг иннæрдæм фездæхта.

— Цомут, — загъта уый Катя æмæ Андырийæн, — дзоныгъ райсæм æмæ горæты алфамбылай æртæ зылды æркæнæм. Цы хуызæн бон у, уый уынут! Цомут, стæй сихорафонмæ æрыздæхдзыстæм.

Уыцы ныхасмæ Андыри джихæй аззади, — йæ зæрдыл æрбалæууыди, йæ чыссæ афтид кæй у. Нинæ уый фæхъуыды кодта æмæ бацыди лæппумæ хæстæг.

— Андрей Фидарович, — загъта Нинæ сындæг, — æз хорз æмбарын хъуыддаг. Ды æрæджы ныллæууыдтæ бынаты æмæ дæм нæ уыдзæни æхца. Æфсæрмы ма кæн, мæнæ мæ чыссæ айс æмæ, фидын кæм хъæуа, уым уырдыгæй фид.

Лæппу ныкъкъуылымпы ис, фæлæ йын Нинæ йæ дзыппы чыссæ куы нытътъыста, уæд ницыуал сдзырдта.

— Ацæттæ кæн дæхи, Катя, æмæ цом, — бадзырдта Нинæ йæ хомæ. — Кæсыс, кæсыс, Андрей Фидарович, мит дæр нал уары... Уый мах тыххæй банцад, æвæццæгæн... Цомут, цомут тагъд!..

Афтæ дзургæйæ, Нинæ уайтагъд йæ зымæгон дзауматæ акодта.

Катя дæр фæндыр фæуагъта æмæ йæхи ацæттæ кодта. Хорз ыл фидыдтой зымæгон дзауматæ. Сау худ æмæ сау боайы астæуæй йæ цæсгом тынг рæсугъд зынди. Андыри йæ афтæмæй куы ауыдта, уæд сдзырдта хинымæр: «Ай æцæг рæсугъд чызг куы у». Катя йын ацахста йæ цæстæнгас æмæ бамбæрста, лæппуйы зæрдæмæ кæй цæуы. Ахъуыды кодта, куыд хорз уаид, æрмæст дыууæйæ куы сбадиккой дзоныгъы. Фæлæ уымæн куыд саразæн ис? Æртæйæ куыд бадт фæуыдзысты, уый чи зоны!

Уыцы сахат ахæм хъуыддаг æрцыди æмæ æртæйы фæндтæ дæр фендæрхуызон сты. Гришæ хъаугъа сарæзта, æнæ цæугæ нал лæууыди. Бахъаст кодта мад æмæ фыдмæ. Бауади Нинæмæ дæр æмæ йæ нал уагъта:

— Акæнут мæн дæр, кæннод дæ коммæ ницæмæйуал кæсдзынæн, никæдæмуал дын цæудзынæн.

Иннæтæ ма дзырдтой, иу дзоныгъ цыппар адæймаджы кæй нæ аласдзæн. Фæлæ Нинæ уайтагъд хъуыддаг алыг кодта, загъта:

— Цомут, дыууæ дзоныгъы райсдзыстæм, цы гæнæн ис! Цыппарæй иу дзоныгъы аив дæр нæу.

Катя бацин кодта, чи зоны æмæ Андрюшæимæ иу дзоныгъы бадт фæуид. Хинымæр лæппуйы афтæ хонын байдыдта, фæлæ йæ æддæмæ никуыма сдзырдта.

Катяйы фæнд нæ ацыди.

Куыддæр уынгмæ рахызтысты, афтæ Нинæ йæ фæнд загъта:

— Марадз, Катя, ды Гришæимæ уæртæ уыцы дзоныгъы сбад. Æз æмæ Андрей Фидарович та мæнæ ацы дзоныгъыл, мах уæззаудæр стæм, æмæ бæх ам тыхджындæр зыны.

Андыримæ хуыздæр касти Катяимæ сбадын, фæлæ уыцы фæнд æддæмæ схъæр кæнын нæ бауæндыд.

Сбадтысты. Нинæ æмæ Андырийы бæх æцæг тыхджындæр разынди — иу верстæй фылдæр нæ ауадаиккой, афтæ иннæ дзоныгъ фæсте баззад. Фæстаг дзоныгъы кучер дæр бæргæ æвзыста йæ бæхмæ, цæмæй раззаг æгæр ма аиртæса, фæлæ ницы, — минутæй-минутмæ фæстæдæр зади.

Кæсы Катя размæ æмæ уыны: Андрюшæ йæ цонг Нинæйы астæуыл ауагъта, афтæмæй æнгом бадынц дыууæ.

Катяйы зæрдæ ныхъхъынцъым кодта. Цæмæй раззаг дзоныгъ иудадзыг ма фæаууон уа, уый тыххæй кучеры нал уагъта.:

— Гъæй зæгъ, гъæй зæгъ! Кæннод ныдздзæгъæлтæ уыдзыстæм.

Цы кодтаид æвзæр бæх, архайдта бæргæ размæ, фæлæ йын ницы æнтысти.

Кæсы Катя размæ. Иу уынд ма фæкодта, Нинæ æмæ Андрюшæ сæ сæртæ кæрæдзимæ куыд бахæстæг кодтой, цыма ба кæнынмæ хъавыдысты, æмæ уыцы минут дзоныгъ уынджы тигъыл фæаууон и. Катяйы зæрдæ æрбауынгæг, цæстытæ доны разылдысты. Нал баурæдта чызг йæхи, дзых бæргæ нæ байгом кодта, фæлæ фындзæй кæуыны сым-сым ссыди.

Гришæ йæм фæкасти æмæ сдзырдта:

— Цы ми кæныс, цы?! Нæ разæй кæй фесты, ууыл кæуыс?

— Кæдæм тырны бæх, цæуылнæ нæм фæлæууынц! — æцæг æрдиаг кодта уæд чызг.

Лæппу дæр нал фæлæууыд æмæ сдзырдта кучермæ:

— Фынæй бадæ æви цы? Æви дæ бæхæн къæхтæ нæй?!

Кучер фæстæмæ ракасти æмæ бахудти:

— Къæхтæ йын бæргæ ис, фæлæ сæ тагъд исын нæ фæразы.

Зæронд кучер чызджы цæстытыл цæссыгтæ куы ауыдта, уæд бамбæрста, уый æрмæст фæсте баззадыл кæй нæ кæуы, бамбæрста уый дæр, раззæгтæ дард кæй нæ ацæудзысты — бирæ алыхуызон хъуыддæгтæ федта уый йæ цæрæнбонты. Разылди та æмæ загъта чызгмæ бакæсгæйæ:

— Уыдон дард нæ ацæудзысты. Уæртæ уым искуы æнхъæлмæ кæсдзысты.

— Ныхас кæныны бæсты ма æрцæфтæ кæн дæ бæхы, — хъæрдæрæй сдзырдта Гришæ. Уый тæригъæд кодта йæ хойæн æмæ йæ фæндыди раззаг дзоныгъы тагъддæр аййафын.

Катя муфтæйæ йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ фæсабырдæр и...

Дыууæ уынджы ма куы ауадысты, уæд æвиппайды иннæ дзоныгъ сæ разы фегуырди. Уый Нинæ бауромын кодта, тарсти уымæй, Катя æгæр куы смæсты уа æмæ исты куы схъæр кæна.

Андырийæн та æндæр хъуыдытæ уыди йæ сæры. Уый хинымæр афтæ дзырдта: «Катя мын нæ аирвæздзæн, фæлæ уал ацы кæйдæр усагæй ахъазын хъæуы». Уый тыххæй йæ фæндыди фæстаг дзоныгъæй иудадзыг фæхицæн кæнын, чызгимæ искуы хибарæй куыд абада. Нинæйæн йæхи дæр уый фæндыди, дзоныгъы лæппуимæ уый тыххæй сбадти, фæлæ æрæджиау ахъуыды кодта, сæ хъуыддаг æмбæхстæй куынæ цæуа, уæд Хъуыдайнатмæ куы бахæццæ уа, æмæ йæ куы ныууадза. Кæм ма ссардзæни ахæм мойаг!

Андыри зæххы лæууыди, Нинæ та дзоныгъы бадти.

— Дзæбæх уæ куы ныууагътам фæстейы, — худгæйæ сдзырдта Андыри.

Уæд æм Нинæ раздæхти æмæ загъта:

— Цы бакæнæм, Андрей Фидарович, уый зоныс?

— Цы?

— Хорз дзоныгъы мах абадтыстæм, ныр та дзы адон абадæнт!

Гришæ сцин кодта, Катяйæн дæр æхсызгон уыди уыцы фæнд.

— Æгæр тагъд ма ацæут! — сдзырдта Нинæ æмæ æвзæрдæр дзоныгъы сбадти.

Раззаг дзоныгъ куы фесхуыста æмæ иучысыл куы ауади, уæд бамбæрста Катя, йæ хъуыддаг та хорз кæй нæ ацыди æмæ загъта кучерæн:

— Æгæр тагъд ма цу, æз нæ уарзын тагъд цæуын!

Дзоныгъ фæсабырдæр и, фæлæ Катя фæстæмæ ракæсын нæ уæндыди, нæ йæ фæндыди, йæ зæрдæйы æхсайындзинад Нинæ цæмæй бамбара.

Афтæмæй ма дзоныгътæ дыууæ-æртæ уынджы ауадысты, стæй Скворцовы хæдзары дуармæ æрлæууыдысты. Андыри æппæты разæй рагæпп кодта дзоныгъæй æмæ чызджытæн рахизынæн аххуыс кодта. Стæй кучертæн сæ мызд бафыста, чыссæ та сусæгæй Нинæмæ ратта. Дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы уазалхуызæй хæдзары куы балæууыдысты, сæ рустæ æмæ фындзтæ сырхæй, уæд зæрæдтæ дæр æрымысыдысты сæ лæппынон бонтæ: афтæ хъæлдзæгæй-иу здæхтысты уыдон дæр сæхи ирхæфсынæй сæ хæдзармæ. Аивгъуыдтой сæ бонтæ. Нал фендзысты ахæм хъæлдзæгдзинад. Ныр сывæллæттæм, иуæй, хæлæджы цæстæй кастысты, иннæмæй та сыл цин кодтой.

— Зæгъут, хорз аирхæфстат уæхи? — бафарста фыд.

— Хуыздæр ма цы вæййы? — æмдзыхæй сдзырдтой Нинæ æмæ Андыри.

Катя дæр иу-дыууæ ныхасы скодта, цæмæй йын йæ æнкъарддзинад мачи фæхъуыды кæна. Фæлæ æппын чи нал æнцади, уый — Гришæ, иннæтæм дзæбæх байхъусын дæр нæ уагъта, афтæмæй дзырдта. Радзырдта Гришæ, иу бæх хуыздæр куыд разынди æмæ разæй куыд афардæг и, радзырдта, уынгтæ адæмæйдзаг куыд сты, ранæй-ран сывæллæттæ митæй куыд хъазынц. Радзырдта ноджы, дзоныгътæ куыд аивтой æмæ хæдзармæ куыд æрбахæццæ сты.

— Цомут стыр залмæ кафынмæ! — фæхъæр кодта Катя æмæ разæй азгъордта.

Уайтагъд залæй пианинойы хъæр ссыди. Уый Катя барæй æддæмæ йæхи хъæлдзæг дардта, афтæмæй мидæгæй йæ зæрдæ дзыназгæ кодта.

Ацыдысты иннæтæ дæр залмæ. Æрмæст Гришæ баззади мад æмæ фыды раз æмæ не ’нцади сæ цыды хабæрттæ дзурынæй.

Нинæ, æмбаргæ чызг, тарсти, Гришæ исты уæлдай куы радзура, рауади фæстæмæ æмæ йæ залмæ цæйдæр æфсон адавта.

Андыри Хъуыдайнаты хуызæн рог кафын нæ фæрæзта, фæлæ кæфтытæ иууыл хорз зыдта æмæ зæрдиагæй кафыди куы иу чызгимæ, куы иннæимæ. Уæддæр ын Нинæимæ кафын æхсызгондæр уыди, уый æндæрæн аккаггонд кæй уыди, уый тыххæй йæм бæллиццагдæр касти хæстæг базонын... Иннæ чызгæн та аирвæзынæй нæ тарсти, хъуыды кодта: «Цы бон мæ бафæнда, уыцы бон мæн уыдзæни!»

Катя-иу куы кафыди Андыриимæ, уæд дзы-иу йæ зæрдæйы маст æрбайрох и, афтæ йæм касти, æмæ никуы бафæлладаид уыимæ кафынæй. Фæлæ-иу Андыри Нинæимæ куы кафыди, уæд-иу Катя фæндырæй цæгъдынмæ дæр нал арæхсти, афтæ тынг æй йæ зæрдæ хъынцъымæй мардта. Катяйы уарзондзинад æвиппайды фегуырди, фегуырди уыцы минут, Андыри фыццаг хатт сæ къæсæрæй куы бахызти. Уæдæй фæстæмæ уыцы уарзондзинад тынгдæрæй-тынгдæр рæзыди, — афтæ рæзы миты къуыбар бæрзонд къуыбырæй уымæл ног митыл ратулгæйæ, рæзы, цалынмæ хъæбæр истæуыл нæ ныппырх уа, кæнæ та, сабырæй-сабырдæр тулгæйæ, фæлмæн истæуыл нæ банцайа. Андыри хорз æмбæрста Катяйы зæрдæйы ахаст, фæлæ уый ахæм уарзондзинæдтыл фæлтæрд уыди, йæ зæрдæ йын æппындæр нæ хъыгдардтой. Гæды мыстæй куыд ахъазы, афтæ-иу ахъазыди æнæмбаргæ чызджы уарзондзинадæй, стæй-иу æй аппæрста. Чи зоны, цы уыдзæни ныр, цæуыл ахицæн уыдзæни ацы чызджы уарзондзинад?

...............................................

XVII

Уыди диссаджы рæсугъд зымæгон бон. Арв сыгъдæг, иу мигъы къуыбар дæр никуы зынди. Термометр амыдта аст градусы уазал. Митæн, цæуджыты къæхты бын, цыма йæ рис зонын кодта, уыйау йæ хъист-хъист цыди. Дзоныгътæ Невски проспектыл дыууæрдæм згъордтой, кæрæдзи сургæйæ. Ахæм ирд æмæ хъæлдзæг бон Петербурджы бирæ нæ вæййы — искуы иу хатт. Боны райдзастдзинад цæуджыты цæсгæмттыл дæр фыст уыди, — уæнгрогæй, хъæлдзæгæй цыди алчи йæ хъуыддагмæ.

Нинæ тагъд нæ кодта абон йæ куыстмæ, барæй дæрдтыл азылди, стæй проспекты тротуарыл сындæг араст и, цæуæг адæммæ кæсгæйæ. Йæ куысты контормæ куы бахæццæ, уæд тынг æнæбары бакодта дуар. Бацыди, раласта йæ зымæгон дзауматæ, кусæг æмбæлтты къухтæ райста æмæ æрбадти йæ фыссæн машинæйы раз. Бады, фæлæ йæм кусын стыр зын кæсы. Райста уæддæр гæххæтт æмæ райдыдта фыссын, фæлæ дзы иу дзырд дæр раст фыст нæ цæуы, уайтагъд та чызг авналы резинæмæ. Куыд фысса раст Нинæ — алы хъуыдытæ йæ сæрымагъзы æмызмæлд кæнынц! Хъуыдытæ — иууыл Андырийы тыххæй — фæнды йæ, æдзухдæр йæ фарсмæ куы уаид, æдзухдæр ын йæ комы улæфт куы хъусид.

Фæлæ кæм ис уый! Куы сæм æрбацæуы, уæд сдзурын ма уæнд, искæй зæрдæ фехсайынæй тæрсгæйæ, горæты дæр дыууæрдæм фæлгæс, исчи куы фена... Ныр айхуызæн бон ам цы бадт у?!

Хъуыдытæ кæны Нинæ. Йæ фыст рæстмæ нæ цæуы. Абадти сахаты бæрц, стæй сыстади, конторы хицаумæ бацыди æмæ дзы сæр риссыны æфсон ацæуыны бар ракуырдта. Зымæгон дзауматæ йæ уæлæ акодта æмæ рацыди уынгмæ.

«Айхуызæн бон конторы бад æмæ машинæ æнæрæнцойæ хой! — сдзырдта Нинæ хинымæр. — Нæ, уый æнамонд хъуыддаг у. Цард хъуамæ ууыл ма ивгъуыйа». Ауади чысыл фистæгæй, стæй дзоныгъмæ фæдзырдта:

— Департамент железнодорожных дел... Гоните во весь дух — хорошо заплачу!

Дзоныгъ фезмæлыди æмæ, иннæты иугай-дыгай фæсте уадзгæйæ, уайтагъд департаменты дуармæ æрлæууыди.

Нинæ кучерæн æхца куы бафыста, уæд чысыл къуылымпыйæ алæууыди. Уый дзоныгъы уæндонæй абадти, фæлæ йæ ныр сылгоймагон æфсарм чысыл фæурæдта, зын æм касти бацæуын æмæ лæппумæ расидын, чи зоны, цы цæстæй йæм ракæсдзæн? Фæлæ уыцы къуылымпы ахаста æрмæст 1–2 секунды. Суади чызг асинтыл дыккаг уæладзыгмæ æмæ бадзурын кодта Андыримæ.

Андыри зыдта, Нинæйы зæрдæ йемæ тынг кæй дзуры, фæлæ ныр ам æрбалæудзæн, уый æнхъæл нæ уыди.

— Æз абон мæхи рауæгъд кодтон... Айхуызæн бон конторы чи бады? — загъта чызг.

«Æнхъæлдæн æмæ ралæууыди „уыцы бон“», — хинымæр сдзырдта лæппу. Сбадын кодта чызджы бандоныл, йæхæдæг йæ кусæнуатмæ бауади.

Бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыди чызджы. Уайтагъд Андыри йæ зымæгон дзауматы рауади.

— Цом, æз дæр рауæгъд кодтон мæхи, — загъта лæппу. Абон уый ныфсджын у, йæ дзыппы ис 60 сомы, ныртæккæ райста йæ фыццаг мæйы мызд. — Цæй, Нинæ, — загъта лæппу уынгмæ рахизгæйæ, — хорз бон у æмæ чысыл дзоныгъыл уынгты азилæм.

Чызджы зæрды дæр уый уыди, фæлæ хионтæй фенынæй тарсти æмæ загъта:

— Хорз... фæлæ нæхионтæй дæрдтыл зилæм, исчи нæ куы фена, уæд хъуыддаг æвзæр ацæудзæн.

Абадтысты дзоныгъы. Андыри дзырдта уынгты нæмттæ, кæуылты хъуамæ цыдаид дзоныгъ.

Азылди дзоныгъ иу къорд фæсвæд уынгтыл. Стæй лæппу æрбалхъывта чызджы йæхимæ, бакасти йын йæ цæсгоммæ æмæ йæ сындæг бафарста:

— Ниночкæ, нæма суазал дæ? Уæд искуы нæхи ахъарм кæнæм...

— Куыд дæ фæнды, афтæ, — сындæг дзуапп ратта чызг.

Андыри зыдта, абон Нинæ тынг коммæгæс кæй уыдзæн, зыдта, ахæм дзуапп кæй ратдзæн, æмæ хъуыддаг фæцыбыр кæнын фæнд скодта.

— Гранд-отель! — адзырдта лæппу кучермæ. Дзоныгъ Невски проспекты ’рдæм куы разылди, уæд чызг, йæ зонгæтæй искæмæй фенынæй тæрсгæйæ, сау вуаль цæсгомыл æрæппæрста.

Фæссихор, цыппæрæм сахатыл, Андыри æмæ Нинæ, дæларм хæцгæйæ, сындæг рацыдысты Гранд-отелæй. Нинæйы цæсгом сау вуалæй æмбæрзт. Лæппу дæр æфцæггот уæлæмæ схъил кодта, æмæ йæ цæсгом чысыл йеддæмæ нæ зынди. Уый цыди сæргуыбырæй, цæстытæ зæххыл хæсгæйæ... Афтæ æнхъæл нæ уыди... Йæхицæн фыццаг æнхъæл уыди... Фæлæ йæ размæ уыди æндæр, кæнæ та æндæртæ — цал уыдысты, уый та чи зоны! Цæуы лæппу чызджы фарсмæ æмæ хъуыдытæ кæны ууыл, куыд ацæудзæн Хъуыдайнаты хъуыддаг, куыд цæрдзæн уый ацы сылгоймагимæ, афтæ рог цардыл ахуыр чи у? Андыри иунæг куы уыдаид, уæд æм уый нывыл хъуыддаг касти, фæлæ дзы æндæртæ кæй разынди, уый йын йæ зæрдыл хъыгдзинад æрæвæрдта.

Иу версты бæрц чызг æмæ лæппу æнæ дзургæйæ фæцыдысты, цыма кæрæдзийæ æфсæрмы кодтой. Æппынфæстаг лæппу хинымæр сдзырдта: «Саг æрцахста, саг, Хъуыдайнат... Фæлæ цыфæнды кæнæд... Мæ хъуыддаг нæу!..»


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 100 years or less since publication (if applicable).