Киндзхонтæ (Багъæраты)

Киндзхонтæ (1920)
by Багъæраты Созыр
290606Киндзхонтæ1920Багъæраты Созыр


КИНДЗХОНТÆ


Бадунцæ тургъи киндзхонтæ,
хинцуй сæ хуарз сæ хинцæг:
Синхонтæн цæуй синонтæ,
давуй сæ цурд сæ хæссæг.

Авар топпадзагъд кæнунцæ,
æ сæр пурхæй æгъзæлуй.
Киндзæбæл ройда зæгъунцæ,
е дæр кæугæй фæццæуй.

Уæддæр не стунцæ хестæртæ,
еу сæр инней фид хуæруй,
иннæ сæр телуй йе 'фсæртæ,
ковуй, арвау ниннæруй.

Кæстæртæ тæрхон хæссунцæ:
«Кæуй, цæуй си гъæстæй,
Хай ин мулкæй нæ дæдтунцæ,
'ма нур кæуй æ мæстæй...».

«Нæ фал, цæуй нæвæндонæй,
нурмæ 'й хæссун фæразта,
фал нур уæддæр исæргом æй,
саулæг, косæг нæ уарзта».

«Нæ фал, кæуй æ фур цинæй, —
Цæрæн нæййес æгустæй».
«Нæ фал, æстъæлфуй йе 'фсинæй,
йе ин гъиккаг, æлгъист æй».

Ковуй хестæр; нæ фидтæлтæ
дæдтунцæ зунд сæ дзурдтæй.
«Ходун, кæун — æрвадтæлтæ,
уалдзæг цинæй никкудтæй.

Уалдзæг дидинæг рафтауй,
кизгæ гъазтмæ рацæуй.
Арвæй æртæх æрæфтауй,
кизгæ лæгмæ æрцæуй.

Хуймон мугкæгтæ фетауй,
уалдзæг фæззæгмæ бæллуй.
Кизгæ лæгмæ æрæнцайуй,
йе дæр зæнæгмæ бæллуй.

Ковун, корун — нæ хуймонæн
гъæздуг фæууæд æ фæззæг.
Уоййау уогæй, нæ киндздзонæн
нивгун фæууæд æ зæнæг».


1920 анзи декабри 16 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 103 years or less since publication (if applicable).