Косгути бæрæгбон (Багъæраты)

Косгути бæрæгбон (1918)
by Багъæраты Созыр
290602Косгути бæрæгбон1918Багъæраты Созыр


КОСГУТИ БÆРÆГБОН


æрæмбурд æнцæ косгутæ,
идзулд зæрдæй низзарунцæ
хестæрæй 'ма кæстæрæй.
Кæрæдземæн ниффæдзæхсæн,
æнæбари нæ хецæуттæн
кадæр кувдта æ сæрæй.

Нæ гъуддаги кадæр коса
фудæрдæмæ, рамарунмæ
маке фæууæд фæстеуат.
æртхуард уогæй ка нæ феста
багъæуаги, уой æ фудмæ
ма ниууадзæн æнæ 'фхуард.

Нæ бæрæгбон нæ фæндонбæл,
кæрæдземæ нур абони
идзулд цæстæй искæсæн.
Фæххуæцетæ кæрæдзебæл,
гъæдæг лæуун нæ гъуддаги
банимайæн ихæсæн.

«Нæ бæрæгбон нæ фæндон уа», —
уотæ ковгæй нæ фидтæлтæ
ниммæлионцæ судæй.
Уæ цæрæнбон берæ фæууа.
Кæрæдзебæл фæххуæцетæ,
уони кувд нин æрцудæй.

Нæ бæрæгбон нæхе барæ,
нæбал кæндзйан гъезæмарæ,
нæ фидбилиз идуйуй.
Нæ фидхуартæмæ бавзистан,
нæ хумзæнхитæ байурстан,
нæ хуймон дæр идзулуй.

Нæ рагуалдзæг ци хиццаг æй,
æ фудбон ма, меттæ уаргæй,
фæззинуй, фал фæтътъизуй.
Нæ зуймон уазал изолмæ
фæллигъдæй 'ма ма нæ хормæ
нæ хуæнхти сæртæй гъизуй.

æрæмбурд æнцæ косгутæ,
уалдзæги зартæ хæссунцæ
зæрбатгутæй рæсугъддæр.
Сæ зинтæ дæр имисунцæ,
сæ бæздайæнтæ нихснунцæ
цæсти сугæй сæ фулдæр.


1918 анзи майи 1 бон, Киристонгъæу


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 105 years or less since publication (if applicable).