Кувд (Гуырдзыбеты)

290358Кувд1902Гуырдзыбеты Бласка


КУВД


О, нæ Хуцау, о, нæ фидæ,
Цард радтæг, дуйней дарæг,
Цардæн æппæлуйнаг ку дæ,
Арв æма зæнхи бадæг!
Нæ хъурми æнцон дæ номæй
Ку уолæфæн, ку цæрæн,
Имисгæй ба дæ зæрддонæй,
Бæрæг читгин ку кæнæн!
Кæнæн дæмæ йидаугути,
Кувди сæри минæвар;
Фæдзæхсæн дæбæл кæугути,
Æппæлгæй цард — дæ лæвар!
Уо, Хуцау, коргæ ди кæнæн
Æма радтæ æнæвгъау:
Уæрдунгинæн — федар сæмæн,
Хуймонæн — федар рæтæн,
Нæ бæлццонтæн — ирайгæ хатт,
Ковгутæн — зæрдæнцойнæ,
Не 'фсæддонтæн — федар кард,
Федардæр ба — æгъдинцойнæ;

Нæ цæугутæн — фæндаги раст,
Йергъæв кæнæ — сæйгæ ка' й-;
Æзнаг, фудголи — федар баст,
Дæ хуарзæй ба — дзæбæх хай!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.