Кусæг лæг (Гæдиаты)

Кусæг лæг (1911)
by Гæдиаты Секъа
289729Кусæг лæг1911Гæдиаты Секъа


КУСÆГ ЛÆГ


Кæд лæг дæ
Уæд фезмæл, лæгау,
Куыстæнма кæн
Дæ хъару æвгъау.

Изæрæй мыс
Райсомы куыст,
Райсом та-иу
Хæрзраджы сыст.

Ифтонгæй дар
Гутон дзæбæх.
Хъæлдзæгæй зар,
Ма у лæмæгъ.

Дæ галтæ дар
Хосæй æфсæст,
Уæд кæндзынæ
Цардыл æрмхæст.

Мæхъитæ би
Бæрз талатæй.
Дæхи базон
Дæ фадатæй.

Куыдзæн æппар
Æхсыд ыстæг...
Дзæгъæл ма саф
Куысты рæстæг.

Нартхор бакæн,
Мæнæу — фылдæр.
Ма дзы ныууадз
Хæмпæл, гæн дæр.

Хъуццытæ дар
Æртæ-цыппар.
Нæ дын уыдзæн
Гъеуæд ызнаг.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.