Куыдз æмæ гал (Гæдиаты)

Куыдз æмæ гал (1905)
by Гæдиаты Секъа
289485Куыдз æмæ гал1905Гæдиаты Секъа


КУЫДЗ ÆМÆ ГАЛ


Куыдз хосыл хуыссыди
Æмæ йæм галы нæ уагъта.
Гал æм курæг ыссыди, —
Хуыснæгау дзы нæ давта:

— Цæмæн рæйыс ды мæныл?
Курын, сыдæй мæ ма мар,
Иузæрдыг дæн æз лæгыл,
Фыдзæрдæ мæм ды ма дар.

Æз лæгæн дæн йæ дарæг,
Æргомæй дын æй зæгъын,
Ме 'фцæг куегæйæ фæнарæг, —
Бауадз мæ, сыдæй мæлын.

Зыд лæджы цæст — зынæфсис, —
Дæхæдæг дæр нæ хæрыс,
Искæмæн дæр нæ дæттыс,
Бынтон сæфт у дае намыс.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.