Къазармай (Багъæраты)

Къазармай (1915)
by Багъæраты Созыр
290534Къазармай1915Багъæраты Созыр


КЪАЗАРМАЙ


Нæбал мин ес мæ гъар хуссæн, —
нæзи фæйнæг мæ буни.
Хуцау зонуй, ку бахуссон, —
ци фæууиндзæн мæ фуни.

Цæмæй зонун, куд цæрунцæ
мæ тухст мадæ, мæ хуæртæ.
æвæццæгæн, никкæунцæ,
зæрдихалæн — сæ гъæртæ.

Нæ мæ гъæуй они кæун,
Евгъуйæнтæ сæ бæнттæ.
Низзарун, цид: тугъдмæ цæун!
æрхæсдзæн дзи нивæндтæ.

Бæргæ зарун фæлладæй дæр,
фал бунмæ ниууолæфун,
æруадзун, цид, мæ гъунгун сæр —
зæрдунгæгæй нийнæфун.

æвеппайди мæ сау рæсугъд
мæ зæрдæбæл ку'рлæууй, —
хуæрунбæл дæр мæ цæстисуг
мæ фингæбæл нигъзæлуй.

Мæнгæ дзурд уин нæ фæууодзæн:
берæ уарзун нæ бæстæ,
фал уегасемæй еу одæн
фулдæр уарзуй мæ цæстæ.

æ уиндæмæ ку фæббæллун, —
ниххуссун мæ фæйнæгбæл,
фал ме'намондæн фегъал ун,
'ма тухсун мæ еунæгбæл.


1915 анзи августи 2 бон, Армавир


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 108 years or less since publication (if applicable).