Мæгургор (Гуырдзыбеты)

Мæгургор (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290350Мæгургор1902Гуырдзыбеты Бласка


МÆГУРГОР


Унги губурæй,
Фече реу-игон,
Рæвдзæ фæндурæй
Цæруй мæгургор.
Дуйне — æ бæстæ,
Жин цард — æ неун,
Лæдзæг — æ цæстæ,
Æвгъау — æ геун;
Рæдау — æ мадзал,
Йе 'знаг — цæлæмбуд;
Фæндон — æ адзал
Унги æнæ 'нгьуд...
Сæрдæ, зумæгæй —
Пæлæз æ рагъи,
Зæрдæй унгæгæй,
Неуй æ уаргъи.
Хор æй æ тæфи
Æрдгæмæ фицуй,
Гъист æй æ суфи
Уæнгæлæй хинцуй;
Уæддæр йеунæгæй,
Йиливд, сæригон,
Фече, бæгънæгæй
Хæтуй мæгургор.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.