Мæгур уосгор (Гуырдзыбеты)

Мæгур уосгор (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290360Мæгур уосгор1902Гуырдзыбеты Бласка


МÆГУР УОСГОР


Ку нæ дæ уинон — жин мин æй,
Уомæй жиндæр — ку уинон:
Де 'руæди нимæдзæ мин æй —
Мæгур ку дæн, чи кæнон!

Æ мæтъæли мин дæ цæстæ
Дзæгъуй йе 'взагæй æргом:
Æгъдауи мижди — ихæс дæ,
Уæзæн æй хæсгæй æргъом.

Дæ фидæмæ æхцай къæсса
Æруæди хæссуй æдули...
Фæндонæй ма дæ фæрса, —
Æхца ку 'фтуйа æ дури?

Дæ уорс бауæр дин базарæй
Уæйæ кæнуй дæ мадæ;
Æлхæнун дин æй хъазарæй
Кæнуй æдули радæ...

Кæд мин басугътай мæ кемæн
Æ дзæгæрæг æнæ 'нгъуд,
Уæддæр дзæгъæн кæрæджемæн
Имисунмæ фæстаг дзурд.

Цæй, ма мин бакæнæ æвгъау
Радтунмæ усмæ зæфцæн, —
Думд фæууæд, думд, нæ жин æгъдау.
Макæд æй райсæ бæрцæн...

Дæ мади 'васт дæ рæвдуд
Ивта мин жин афæй,
Уомæй дарун ма дæ йеу дзурд
Римæхст мæ зæрди арфæй.

Зонис ма 'й, цума, йечи дзурд,
Сомигæнгæй дæлбазур,
Ку бакодтан мах нæ игурд
Нæ кæрæджемæн уарзун?

Зонис ма йечи цуппæрæн,
Ку бадтан æд сагъæс?
Ду кодтай зæрдæн æвæрæн,
Нивгун худтон мæхе æз.

Нур феронх уо сæ рæхгидæр,
Чидæр дзурдтан æрдхуардæй, -
Дæуæн ниви финст нæуæг сæр
Æнцон дæдтуй æфхуардæй!

Фæууо, фæ, нихи джиуаргун,
Мæн истонæ дæ зæрдæй, —
Радтæ йин дæхе, дæ уарзун,
Бацæрунмæ æмзæрдæй!..

Фиццаг кæндзæнæн æрхунæг,
Дæ коймæ дин кæудзæнæн,
Мæ зæрдæй 6а дæ «мæгурæг»
Дæ сугьд ниви хондзæнæн.

Уой фæштей мæ зæрди тари,
Ревæд уогæй дæ бунат,
Æндæр уод мæ царди зари
Иссодздзæнæй æ чирагъ.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.