Диссаг у, диссаг, нæ дуне, —
Сывæллæтты хъазæн къори.
Кæронмæ йæ дзырд нæ хæссы, —
Гæды куыдзмæ ахæм хор и'...
Зæххыл адæм гуыргæ-мæлгæ,
Арты стъæлфæнтау, ысхъиуынц.
Цæсты ныкъуылдмæ цин кæнынц,
Цæсты ныкъуылдмæ сниуынц.
Арвъг'рттывдау лæг фæзыны,
Арвы 'рттывдау æрбайсæфы,
Иннæ лæг та мигъы бынæй,
Стъалыйау, куы 'рбакæсы.
Куыройы хъуырмæ нæмгуытæ
Згъæлæгау, адæм гуырынц.
Доны фынкæй царды науы
Иу чысыл сахат фæзынынц.
Доны сæрыл, цæппузырау,
Абады 'мæ нал фæзыны.
Хъауджыдæр нæй: дуне дæу куы уа,
Гъе, куы цæрай нæртон зыны.