Дæумæ дзурын, мæ бæлас, —
Мæ цард æмæ мæ дарæг!
Фехъус, мæ хур, мæ ныхас, —
Радзурон дын мæ зарæг.
Сæрды 'нтæф дæ куы судзы,
Зымæг ихау ныссæлыс,
Тæгъды зæй дыл фæрсудзы,
Цонг, къабазгай ызгъæлыс.
Иууыл де 'ккой куы бадынц
Каркæй, цъиуæй, цæргæсæй;
Дæ бындзæфхад дын къахынц
Хуыйæ, бæхæй, хæргæфсæй.
Мæлдзыг дæр дыл ысхилы,
Уый дæр йæ тых æвзары,
Йæ сау бырынкъ ыстилы, —
Дæу фыдæбонæй мары.
Æнцад лæууыс, гобиау,
Æппындæр сæм нæ дзурыс.
Куы бафсæдынц, къориау,
Уæддæр сæ мызд нæ курыс...
Ма мыл фæхуд, мæ уарзон,
Æмбæхст, сырдау, фæцардтæн,
Кæй нæ зынын, уый базон, —
Дарды дуджы фæкалдтæн.