Мæ фæндаг (Гæдиаты)

Мæ фæндаг (1906)
by Гæдиаты Секъа
289497Мæ фæндаг1906Гæдиаты Секъа


МÆ ФÆНДАГ


Бафхæрдта мæ мæ амонды цалх,
Не скастæн иу хатт мæ цæстæй.
Радта мын уый масты нуазæн:
Баназ, дам, уый, — цу дæ бæстæй.

Удæгасæй фыдæбон кæн,
Уый дыл æвæрын дæ хæсæн.
Загътон: фæлидзон искуыдæм,
Кæд ыссарин æмбæхсæн.

Фæлæ уæддæр ме 'намонд
Уад алы хъæуы мæ цурмæ.
Лæвæрдта мын йæ нуазæн,
Мæ маст ыссыди мæ хъуырмæ.

Уыцы нуазæнæй мæ зæрдæ
Ыскодта сау цъар, сау агъуд.
Никуы фæцухи мæ сæрæй
Сидзæры дарæс — дзала худ.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.